Саломэ Зурабишвили Белорусы журналисты æрцахсты кой кæны
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Минскы «райанэары» Афинæтæ-Вильнюсы рейсы тыхыбын сбадын кæныны æмæ оппозици ахастдарæг журналисты, Роман Протасевичы æрцахсты кой кæны социалон хызаг «Твиттеры».
«Нæрайсгæ у «Райанэары» рейсы тыхыбын сбадын кæнын Белорусы æмæ журналисты æрцахсын. Уымæй хæлд цæуы бирæ æхсæнадæмон нормæ, кæцыты ницæмæ æрдарын гæнæн нæй» – хъусын кæны Сломэ Зурабишвили.
Минскы оппозицион ахастдарæг журналист Роман Протасевичы 23 майы æрцахстой. Уыйы Белорусы хицауад аххосджын кæны массон змæстытæ организацидзинады.
Протасевич авиакомпани «Райянэары» хæдтæхæгæй Афинæтæй Вильнюсмæ фæцæйтахтис, фæлæ борты рæмудзæн гарзæгы фæдыл хъусинагы тыххæй, хæдтæхæг аварионæй сбадтис Минскы аэропорты, цы ран уыйы барадхъахъъхæнджытæ æрцахстой. Йæхæдæг Роман Протасевич рейсы размæ хъусын кодта, цæмæй аэропорты йыл цыдис цæстдард æмæ йæ паспорт æмæ документтæн къам айсын дæр архайдтой.
Роман Протасевичмæ Белорусы 15 азы онг ахстæй æфхæрд æртъхъирæн кæны.
The forced landing of the #Ryanair flight in Belarus and the arrest of a journalist are unacceptable. This violates too many international norms to be ignored.
— Salome Zourabichvili (@Zourabichvili_S) May 24, 2021