Гуырдзыстоны 2-3 октябры æнхъæлмæ кæсинаг  у  къæвда, ихуарын æмæ дымгæ
Гуырдзыстоны 2-3 октябры æнхъæлмæ кæсинаг у къæвда, ихуарын æмæ дымгæ

Æрдзы националон агентады  информацийæ, 2  октябры  æхсæвы сахатты   хурыскæсæн  Гуырдзыстоны  хурыскæсæн районты,  æрмæст бонæй та  Гуырдзыстоны  фылдæр территорийыл  æнхъæлмæ кæсинаг   у къæвда арвнæрдимæ, ранæй-рæтты  тыхджын.

Синоптикты хъусинагæй, афтæма гæнæн ис  ихуарын æмæ уад.

Уыимæ 3 октябры  ныгуылæн Гуырдзыстоны æмæ скæсæн  Гуырдзыстоны  ныгуылæн  районты  уардзæн къæвда, ранæй-рæтты  тæр, æрмæст Сау денджызы  донбыл районты æмæ Колхеты тæрфы  гæнæн ис  тæркъæвда  уа.  Денджызыл уыдзæн 3-4  баллы   тыхы  шторм.

«Æнхъæлмæкæсинаг  уæлдайджын дæлзырæттæ гæнæн си Гуырдзыстоны  цæугæдæтты  доны бæрзæнды нысаниуæгджын рæзт æмæ   донивылдтытæ расайа, æрмæст  хохджын  зонæты  та  сыджыт-лæсæнон  процессты  сæвзæрд-активаци», –  хъусын кæнынц  ардзы националон  агентады.