Гуырдзыстоны 18 азы онг  кары регбистты æмбырдгонд ахызт  Европæйы  чемпионаты финалмæ
Гуырдзыстоны 18 азы онг кары регбистты æмбырдгонд ахызт Европæйы чемпионаты финалмæ

Гуырдзыстоны  регбистты  æстдæсаздзыты  онг кары  æмбырдгонд  Европæйы  чемпионаты финалмæ ахæццæ ис.

Æрыгон «Борджгъалосани»-тæ  турниры  æрдæгфиналы ахъазыдысты  Португалийы  æмбырдгондимæ  æмæ йæ  хыгъдæй  25:0   басастой.   Европæйы чемпионаты  фыццаг фембæлды, та Гуырдзыстон   Голландийы  скуынæг кодта хыгъдæй  69:12.

Финалы  Гуырдзыстоны  æндæогъ  æмбырдгонд  традиционæй уыдзæн  –  Франц.  Раззаг  æртæ  матчы   францæгты  уæлахиздзинадæй  фæцис, банысан кæнинаг у  уый æмæ,  хыгъды хъауджыдæрдзинад афæдзæй-афæдзмæ  къаддæрдæр кæны.

Францы  æмбырдгонд   æрдæгффиналы   стыр хъауджыдæрдзинадæй  абырста Испанийы – 38:7.

Европæйы чемпионаты финалон  фембæлд, 31 марты  сырæздзæн.