Гуырдзыстонмæ хъуыддагджын визиттæ кæцыфæнды бæстæйæ, æнæкуылымпыйæ, развæлгъау формæ баххæст кæныны æмæ фадыгы уагдонимæ бадзырды фæстæ
Гуырдзыстоны экономикон куыст баахъаз кæныны нысанæн, хъуыддагджын визиттæ кæцыфæнды æбстæйæ, æнæкуылымпыйæ сæххæст уыдзысты, развæлгъау, æмбæлгæ формæ баххæст кæныны æмæ хъæугæ фадыгы уагдонимæ æрæмдзыхæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-спикер Ираклий Чиковани фехъусын кодта.
Ираклий Чиковани куыд банысан кодта уымæ гæсгæ, хъуыддагджын визитæй Гуырдзыстонмæ æрцæугæ уазджытæ хæсджын уыдзысты, 72 сахаты мидæг иу хатт, сæхи хардзæй «Ковид-19»-ыл «PCR» тест саразын, кæнæ та арвитой 14 бонон æнæмæнгхъæугæ карантин афтæдæр сæхи хардзæй.
«Фæнысангонд домæнтæ нæ хаукынц Евроцæдисы уæнг уыцы фондз бæстæйы æмбæстæгтæн/резиденттæн, кæцытæн Гуырдзыстон йæ арæнтæ гом кæны æнæуæлдайныхасæй. Æмбæлгæ электронон формæтæ, кæцытиы баххæст кæнын сæ бахъæудзæн рагафонмæ куыд евроцæдисы уæлдæрбанысангонд бæстæты æмбæстæгты, афтæ кæцыфæнды хъуыддагджы визитæй æрцæуæнг уæнгты, рæувадат уыдзысты Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл www.StopCoV.ge» – райхъусын кодта Ираклий Чиковани.