Гуырдзыстонмæ, Дональд Тускъ, Эстонийы премьер, Евроцæдисы æмæ партнер бæстæты аст фæсарæн хъуыддæгты министртæ фæуазæг уыдзысты
Гуырдзыстонмæ фидæн къуырийы Европаг Советы президент Дональд Тускъ, Эстонийы премьер-министр Юри Ратас, афтдæр Евроцæдисы æмæ партнер бæстæты аст фæсарæн хъуыддæгты министр æрцæудзысты – уый фæдыл Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани райхъусын кодта.
Визиты фæлгæтты уазджытæ хайад райсдзысты, Батумы плангонд бæрзонд æмвæзады æхсæнадæмон конференцийы, кæцы «Скæсæн партнерады» 10 азы сæрмæ нывонд у.
Афæтма министры информацийæ уазджыты æхсæн уыдзæн гуманитарон æххуысы æмæ кризисты фæткдæттыны фарстаты еврокомисар Кристос Стилианидис.
«Уазджыты æхсæн сты Скæсæн Партнерады инциатор бæстæты, -Польшæ æмæ Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министртæ Яцек Чапутович æмæ Маргот Вальстрьом, Болгарийы вице-премьер æмæ фæсарæн хъуыддæгты министр Екатерина Захарьева, Украинайы фыццаг вице-премьер, экономикæйы райтынгы æмæ базарады министр Степан Кубив, Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг МАхмед Мамад-Гулиев, Сомихыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Зохраб Мнацаканян, Сербийы евроинтеграцийы министр Йадранка Йоксимович, Венгрийы фæсарæн хъуыддæгты министр Питер Сийярто, Чехийы фæсарæн хъуыддæгты министр томаш Петрошичек, Германийы Европагш фарстаты паддзахадон министр МИхаэл РОтт, Молдовæйы фæсарæн хъуыддæгты æмæ Европаг интеграцийы падздахадон нымæрдар Даниэла Морари, АЛбанийы, Белорусы фæсарæн хъуыддæгты министрты хæдивджытæ, Норвегийы фæсарæн хъуыддæгты министрады паддзахадон нымæрдар, Германийы, Румынийы, Швецийы паддзахады парламенты вице-спикертæ» – банысан кодта Давит Залкалиани.
Конференци Батумы 11-12 июлы ацæудзæн. Уымæй дарддæр ма конференцийы фæлгæтты къухæвæрд æрцæудзæн рæнхъ финансон бадзырдтæ, сæрмагондæй та Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы æхсæн къух бафысдзысты дыууæ финансон бадзырдыл, кæцытæ сæ хъуыдыйы дарынц, Евроцæдисæй Гуырдзыстонæн æмтгæй райсгæйæ 47 милуаны онг евро рахицæн кæнын.