Гуырдзыстонмæ Беллорусы президент Александр Лукашенкойы визит официалонæй райдыдта
Гуырдзыстонмæ Беллорусы президент Александр Лукашенкойы визит официалонæй райдыдта.
Белорусы президенты делегацийæн йæ размæ рацыдысты Гуырдзыстоны президенты администрацийы минæвæрттæ, фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Вахтанг Махароблишвили æмæ Гуырдзыстоны эконоимикæйы æмæ æнæцудгæ тынгады министр Димитри Кумсишвили.
Уазæгæн йæ размæ рацæуыны официалон церемони Авлабары президент резиденцийы сырæздзæн, цы ран Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили æмæ Белорусы президент Александр Лукашенко кæрæдзиимæ ныхæй ныхмæ æмæ ауæрæхгонд форматты фембæлдтæ сараздзысты. Ныхас сырæздзæн регионалон стабилондзинадыл æмæ бæстæты æхсæн экономикон æмæ политикъон æмкуысткæнынад рапарахат кæныныл.
2017 аз Гуырдзыстон-Белорусы æхсæн 100 милуан доллары бæрцы уаргъы зилдухæй ацыд. 2017 ахы Тбилисы уæвæг Белорусы вице-премьеримæ иумæ хицауады администрацийы 2018 азмæ, нысанæн райстой ацы нымæцы 200 милуаны онг фæфылдæр кæнын. Уымæ æмбæлгæйæ дæр Лукашенкоимæ касты иуæй-иу сæйраг темæ, растдæр экономикон æмкуысткæнынад, иумæйаг каондадтæ бакæнын æмæ транспортон , логиститкон афтæма инфраструктурон проектытæ уыдзæн.
Александр Лукашенкой Тбилисы фæстаг хатт уыдис 2015 азы, кæцыйы фæстæ дæр 2016 азы Гуырдзыстоны байгом ис Белорусы минæварад. М
Растдæр 2015 азы визщиты рæстæджы æрцыд къухбафыст дыууæфарсон документ, кæцыйы мидæг сты, Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады, арæны æнæфæцагайгæдзинады æмæ тыхæй æнæспайдайы æнæруадзгæдзинады фæдыл дзырдæуы. Банысан кæнинаг у, цæмæй Белорус Уæрæсейы партнер бæстæйыл нымад цæуы æмæ Скæсæн партнерады форматимæ иумæ хайадисæг у Евразийы таможнæты иугонды дæр.
Александр Лукашенко 1994 азæй ахсы Белорусы президенты пост.