Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн АИШ-ы Джорджиайы штаты губернатор Брайан П. Кемп.
АИШ-ы минæварады информацийæ, губернатор Гуырдзыстонмæ, йæ æмкъайимæ иумæ, Марти Кемпимæ æрцæудзæн.
Афтæма минæварады хъусинагæй, губернатор æмæ фыццаг леди къухдариуæг кæндзысты официалон делегацийæн æхсæнадæмон миссий, кæцы райдайдзæн Тбилисы æмæ фæуыдзæн Паризы.
Минæварады куыд хъусын кæнынц афтæмæй, уый фыццаг цау у, архайæг америкаг губернатор куы фæуазæг уыдзæн Гуырдзыстонмæ, цæмæй бахахх кæна Америкæйы иузæрдыгдзинад, сæрмагондæй та, сыхаг Уæрæсейы территорион агрессийы фоныл.
Минæварады хъусинагæй, визиты нысан у сфидар кæнын стратегион партнерад европаг индустритимæ экономикон фадæттæн къухацаразаныны фæндагæй.
АИШ-ы минæварады информацийæ, æддагон миссийы фыццаг этапыл ацæудзæн фембæлдтæ Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ, АИШ-ы минæварады миссийы къухдариуæггæнæгы хæдивæгимæ, Райан Харисимæ æмæ хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзеимæ, афтæма æндæр бæрзонд гæстимæ.
Гуырдзыстоны уæвгæйæ делегацийы сконды уыдзысты Джорджиайы националон гвардийы æмæ хъахъхъæнынады департаменты инæлар-майор Том Карден, афтæма Джорджиайы штаты экономикон рæзынады департаменты (GDEcD) минæвæрттæ. Губернатор Кемп æмæ делегаци ауадздзысты дыууæфарсон фембæлдтæ бæстæйы официалон уæнгтимæ, бæрæгдзау уыдзысты гуманитарон хиæмбæхсæны, кæцы арызт æрцыд Джорджиайы штаты националон гвардиимæ партнерадæй, фембæлдзысты Мериетайы зынгвæдисонон департаменты уæнгтимæ, кæцытæ ацы тæккæ хæххон цæугæдæтты ирвæзынгæнæн операциты ахуыртæ уадзынц Гуырдзыстоны æмæ ауадздзысты æндæр фембæлдтæ, цæмæй стынг кæной ахастытæ Джорджиайы штаты æмæ Гуырдзыстоны æхсæн.
Джорджиайы штаты губернаторы къухдаруиæгæй делегаци Гуырдзыстонмæ рацæудзæн абон 13 июны.