Джорджиайы штаты губернатор – Гуырдзыстонимæ  нын  диссаджы партнерад ис дæсгай азты дæргъы
Джорджиайы штаты губернатор – Гуырдзыстонимæ нын диссаджы партнерад ис дæсгай азты дæргъы

Джорджиайы штаты губернатор Брайан  Кемп фыццаг америкаг  губернатор у  кæцы  Гуырдзыстонмæ æрцыд официалон визитæй, – фæнысангонды   фæдыл  Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæварад «Фейсбукы» фарсыл фыссы.

Минæварады  куыд  хъусын кæнынц афтæмæй,  Джорджиайы штат, сæрмагондæй та йæ  националон гварди  дæсгай  азты дæргъы, Гуырдзыстоны хæстæг партнертæ  сты,  ахуыр æмæ службæ  кæнынц иумæ.

«Губернатор Кемпæн  сæрмагондæй  æхсызгон уыд  Цъилканы   АИШ-ы  æфсæддон æххуысæй   арызт  аудындзинадцух  карджынты   цæрæн ран  байгом кæнын.  Ацы проект  дыссаджы  цæвиттон у, цæмæй куыд  бирæфарсон у  нæ  дыууæ бæстæйы æмгуыстад æмæ   цæй  саразын нæ  бон у   иумæйаг тыхтæй», –   фыссы минæварад.

Уыимæ Джорджиайы штаты  губернатор Брайан Кемпы  фидиуæнæй,  Цъилканы   аудындзинадцух карджынты   цæрæндон  байгомæй бæрæг у, цæмæй АИШ-ы æмæ Гуырдзыстонæн  иумæйаг хæзантæ ис.

«Мах æххуыс кæнæм  Гуырдзыстоны  хицауадæн æмæ  Гуырдзыстоны цæрджытæн сæрмагондæй   хæцæм сæ фарс, кæцыйы америкаг æфсæддæттæ æмæ Гуырдзыстоны националон гварди  ам рагæй  аразынц.   Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, уый   хæсдзинад.  Бæрæг у, ам адæм  æмбарынц геополитикæ, цы  уавæр дунейы ерын, АИШ-ы  хайад æмæ кæй  зæгъын æй хъæуы,  хæст Украинайы.  Бæрæг у, Гуырдзыстоны  цæрджытæ  æмбарынц цы  уавæры сты украинæгтæ. Растдæр  уый тыххæй  нысаниуæгджын у,  кæй  дарддæр кæнæм  ахæм диссаджы   партнерад АИШ-ы Джорджиайы Штаты æмæ Гуырдзыстоны  æхсæн», –   райхъусын кодта Джорджиайы штаты  губернатор.