Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн  Джорджиайы штаты  губернатор
Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн Джорджиайы штаты губернатор

Гуырдзыстонмæ  æрцæудзæн  АИШ-ы  Джорджиайы штаты губернатор   Брайан  П. Кемп.

АИШ-ы минæварады  информацийæ,  губернатор   Гуырдзыстонмæ, йæ æмкъайимæ  иумæ, Марти  Кемпимæ  æрцæудзæн.

Афтæма минæварады  хъусинагæй,   губернатор æмæ фыццаг  леди къухдариуæг кæндзысты  официалон   делегацийæн æхсæнадæмон  миссий, кæцы  райдайдзæн  Тбилисы æмæ фæуыдзæн Паризы.

Минæварады куыд хъусын кæнынц афтæмæй,  уый фыццаг цау у, архайæг америкаг   губернатор  куы  фæуазæг уыдзæн Гуырдзыстонмæ, цæмæй бахахх кæна  Америкæйы  иузæрдыгдзинад, сæрмагондæй та, сыхаг  Уæрæсейы  территорион агрессийы фоныл.

Минæварады  хъусинагæй,   визиты  нысан у  сфидар кæнын   стратегион партнерад  европаг  индустритимæ  экономикон   фадæттæн  къухацаразаныны фæндагæй.

АИШ-ы минæварады  информацийæ,   æддагон миссийы  фыццаг этапыл  ацæудзæн  фембæлдтæ  Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ, АИШ-ы минæварады миссийы  къухдариуæггæнæгы  хæдивæгимæ,  Райан  Харисимæ æмæ  хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзеимæ, афтæма  æндæр бæрзонд гæстимæ.

Гуырдзыстоны уæвгæйæ   делегацийы  сконды уыдзысты Джорджиайы  националон  гвардийы æмæ   хъахъхъæнынады  департаменты  инæлар-майор  Том Карден,  афтæма Джорджиайы штаты  экономикон   рæзынады   департаменты (GDEcD)  минæвæрттæ.  Губернатор  Кемп  æмæ   делегаци  ауадздзысты  дыууæфарсон  фембæлдтæ  бæстæйы  официалон   уæнгтимæ,  бæрæгдзау уыдзысты гуманитарон хиæмбæхсæны, кæцы арызт æрцыд Джорджиайы  штаты  националон   гвардиимæ  партнерадæй, фембæлдзысты  Мериетайы зынгвæдисонон   департаменты уæнгтимæ,  кæцытæ  ацы тæккæ  хæххон  цæугæдæтты  ирвæзынгæнæн операциты ахуыртæ  уадзынц Гуырдзыстоны æмæ   ауадздзысты  æндæр фембæлдтæ, цæмæй  стынг кæной ахастытæ  Джорджиайы штаты æмæ  Гуырдзыстоны  æхсæн.

Джорджиайы штаты  губернаторы  къухдаруиæгæй  делегаци  Гуырдзыстонмæ рацæудзæн абон  13 июны.