Гуырдзыстонмæ æрцæуæг туристтæн, аэропортты лæвар кæндзысты гуырдзиаг сæн
Туризмы Националон Администраци ног кампани райдайын хъавы, кæцымæ гæсгæ дæр, Гуырдзыстонмæ æрцæуæг туристтæн, арæнхъахъхъæнджытæ гуырдзиаг сæн балæвар кæндзысты.
Туризмы националон алдминистраци кампанийæн 300 000 авг брендиргонд сæн балхæндзæн, кæцыйыл æндæгъд уыдзæн специалон этикет. Æмбæлон электронон тендер абон фæцис, балхæды æнхъæлц аргъ иу милуан лари уыд. Рабæрæг ис претендент дæр, цæуы документаци сгæрст.
ЛÆварон сæн хъуаæ уа сырх, сур, 100 процентæй саперавийы мыггагы сæнæфсирæй арызт.
Сæнтæ туристтæн, Тбилисы, Кутаисы æмæ Батумы æхсæнадæмон аэропортты дæтдзысты лæвар.
Гуырдызстоны Фыццаг Къаналæн туризмы наионалон администраци куыд фæхъусын кодтой афтæмæй, ног маркетнгон кампанийы нысан у, Гуырдзыстоны æмæ гуырдзиаг сæны популяризаци, кæцы туристты æрбаласынæн ахъаззаг уыдзæн.