Гуырдзыстонæн  хæлар бæстæты  солидарондзинады æмæ  хъæддых фарсхæцыны  демонстраци  августы хæстæй дæс азы сæрыл
Гуырдзыстонæн хæлар бæстæты солидарондзинады æмæ хъæддых фарсхæцыны демонстраци августы хæстæй дæс азы сæрыл

Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæсты  10  азы  сæрыл,   цыппар бæстæйы  хицауады  бæрзонд рангы минæвæртты  Гуырдзыстонмæ визитимæ иумæ, фæстаг бонты дæргъы,  хæлар  бæстæты æрдгæй  æнæ иу хатт æрцыд  нæ бæстæйæн  солидарондзинад  æмæ   хъæддых  фарсхæцыны демонстрирдзинад.

Амæйразмæ  Америкæй Иугонд Штатты  паддзахадон департаменты  официалон  минæвар  Хизер Науэрт, брифингыл  райхъусын кодта, цæмæй  АИШ-ы   паддзахадон департамент  Уæрæсемæ  сиды  2008 азы  æхсты фæурæды фæдыл  бадзырд  сыххæст кæнынмæ.

«Нæ  позици  Уæрæсейы æрдгæй гуырдзыстоны  регионты, Абхазы æмæ  «Хуссар Ирыстоны»   оккупацийы тыххæй   æнæивгæ у.  Ацы регионтæ  сты  Гуырдзыстоны  сæрмагонд  æмæ  не  сты  Уæрæсейы  хай. АИШ-æ  дарддæр кæны   Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ  хæдбардзинады,   афтæдæр  йæ  æхсæнадæмонæй  нымад  арæнты  æнцой дарын.  Ацы политикæ  ивд не рцыд.   АИШ-æ сиды  Уæрæсемæ,  акæна  йе фсад, бырсты размæ цы позицитыл лæууыдсты уырдæм, 2008 азы   æхсты фæурæды  фæдыл  бадзырдмæ æмбæлгæйæ» – райхъусын кодта  Хизер Науэрт.

 

Афтæма, АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар  Майк Помпео  августы  хæстæй 10  азы  сæрыл, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинал  æмæ суверенитетæн  хъæддых æнцойад  ноджы иу хатт сбæлвырд кодта.

Европæйаг  советы   президент Дональд Тускъ  Уæрæсейы  æрдгæй Гуырдзыстоны ныхмæ  сæххæст агрессийы фæдыл  фыста  Twitter-ы. Дональд  Тускъ  фидиуæны хæлиу кæны   гуырдзиаг æвзагыл.

Евроцæдис Уæрæсейы  æрдгæй   Гуырдзыстоны  ныхмæ сæххæст агрессийæ 10 азы  сæрмæ гæсгæ  деклараций хæлиу кæны.  Æдасдзинады  æмæ  æддæ  политикæйы фарстаты  Евроцæдисы  бæрзонддæр минæвары, Федерика Моггеринийы  номæй  публикацигонд  фидиуæны дзырдæуы, цææмй евроцæдис абон афтæ, раздæр куыд никуы уыдис,  йæ фарс  хæцы  Гуырдзыстоны  терирторийыл   уæвæг конфликтты   сабырадон фæндагæй  аскуыддзагæн.

Фидиуæн ахæлиу кодта Словакийы  фæсарæн  хъуыддæгты  министрад æмæ банысан кодта, цææмй Словакийы  Республикæ  дарддæр кæны  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ  суверенитетæн æцнйо дарын  йæ æхсæнадæмонæй  нымад  арæнты ф æмæ   йе фарс  хæцы  евро-атлантикон  тырнынадты. Министрад сиды  Уæрæсейы  Федерацийы  хицауадмæ сæххæст кæна  евроцæдисы  æхсæныбацыдæй къухбафыст 2008 азы 12  вгусты  æхсты фæурæды фæдыл  бадзырд  æмæ  Хуссар Ирыстон æмæ  Абхазы, кæрон скæна   æфсæддон контингенты  уæвынадæн.

Гуырдзыстоны ныхмæ Уæрæсейы сæххæст агрессийæ 10  азы  сæрма гæсгæ,   Данийы фæсарæн хъуыддæгты  министрад  «Твиттеры» публикаци кæны фидиуæн, кæцыйы мидæг  банысангонд у, цæмæй  Уæрæсе  цыт хъуамæ кæна  2008 азы  æхсты фæурæды фæдыл   бадзырдæн.

Японийы  фæсарæн хъуыддæгты министрады   ахæлиугонд  фидиуæны банысангонд у, цæмæй конфликты сабырæй аскуыддзаг кæныны æнæмæнгхъæуæг у  Гуырдзыстонæнæ æмæ æнæъхæнæй регионы  сабырад æмæ стабилондзинадæн.

Германийы фæсарæн хъуыддæгты министрады  фидиуæнæй,  Уæрæсейы  æрдгæй Гуырдзыстоны регионты  Абхаз æмæ Цхинвалы  хæдбар паддзахадтыл  банымад  у  æрæуадзæгæ æмæ нæрайсгæ. «Германи йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, æхсæнадæмонæй  разы  арæнты фæлгæтты. Уæрæсейы  æмæ  ноджы  цыппар  бæстæйы  æрдгæй  ацы регионты  хæдбар паддзахадтыл банымад  -нæрайсгæ у» –  дзырдæуы  фидиуæны.

Курæг стæм Уæрæсейæ, кронмæ сæххæст кæна  2008 азы  12августы  æхсæзпунктджын  бадзырд –  уый  фæдыл  «твиттеры»  ныффыста  Швецийы  фæсарæн хъуыддæгты министр , Маргот Уолстрёмм.

Норвегийы  фæсарæн хъуыддæгты  министр Инне Эрикссен  Сорейде  йæ фидиуæны  банысан кодта,  цæмй 10 азы рацыд 2008 азы августы фæстæ,   фæлæ конфликт  нырмадæр дарддæр кæны  æмæ Уæрæсейы  гарзджын  тыхтæ  Гуырдзыстоны   территорийыл  лæууынц. Йæ ныхæстæм гæсгæ,  æнæкæсгæ  2008 азы 12 августы  бадзырдмæ,  Уæрæсе  оккупацигонд  регионты йæ æфсæддон контингент  ноджы фæтхыджындæр кодта.

2008 азы  агусты  хæсты  10  азы  сæрмæ гæсгæ,   ЕÆÆО-ы (ОБСЕ) Гуырдзыстоны хæлæртты  æнæформалон къорд  иумæйаг  фидиуæн ахæлиу кодта. ЕÆÆО-ы  бæстæтæ, Гуырдзыстоны  суверенитет  æмæ  æхсæнадæмонæй нымад арæнты территорион æнæхъæндзинадæн  æххæст фарсхæцын  бæлвырд кæнынц  æмæ  сидынц  Уæрæсемæ  фæстæмæ ахæсса  Гуырдзыстоны регионты Абхаз æмæ  Хуссар Ирыстоны  а.х.  хæдбардзинады банымады фæдыл скуыддзаг.

Уæрæсейæ курæг стæм,  акæна йæ æфсæддон тыхтæ  Гуырдзыстонæй,  цæмйæ  сæвзæрон аууæлттæ  æрфидануынæн  æмæ   конфликт  сабырæй  аскуыддзаг кæнынæн –  уый фæдыл  райхъусын кодта  Стыр Британийы  паддзахадон министр  Америкæ æмæ Европæйы  фарстатæм гæсгæ  Алан Дункан,  Гуырдзыстоны  уæрæссайаг агрессийы  10 азы  сæрмæ гæсгæ  специалон видео-сидты, кеæцыйы публикаци скодта Стыр Британийы минæварад Гуырдзыстоны.

ალან დუნკანის სპეციალური ვიდეო მიმართვა 2008 წლის აგვისტოს კონფლიქტის 10 წლის თავთან დაკავშირებით

"დღეს დიდი მწუხარებით ვიგონებთ 2008 წლის აგვისტოში, რუსეთ საქართველოს კონფლიქტის დროს დაღუპულებს. ათასობით იძულებით გადაადგილებული პირი ჯერ კიდევ ვერ ახერხებს საკუთარ სახლში დაბრუნებას. ტრაგედიაა, რომ საქართველო კვლავაც დაყოფილია".დიდი ბრიტანეთის სახელმწიფო მინისტრი ევროპის და ამერიკის საკითხებში ალან დუნკანი, რუსეთ-საქართველოს კონფლიქტიდან 10 წლის თავზე სპეციალურ ვიდეო მიმართვას ავრცელებს.

Posted by British Embassy Tbilisi on სამშაბათი, 07 აგვისტო, 2018

Эстонийы хицауад «Твиттеры»  фыссы, цæмæй  10 азы размæ, Уæрæсе Гуырымыхъхъ фехæлдта   Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион  æнæхъæндзинад  æмæ публикаци кæны  Гуырдзыстоны   картæ, кæцыйыл банысангонд сты  Уæрæсейы  æрдгæй оккупацигонд Абхаз æмæ Цхинвалы регионтæ.

Финляндийы  фæсарæн хъуыддæгты министрад,   Гуырдзыстоны   уæрæсейаг агрессийы   10  азы  сæрмæ гæсгæ публикаци скодта  фидиуæн,  кæцыйы мидæг хъусын кæны,  цæмæй Финлянди  йæ фарс  хæцы  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн, æхсæнадæмонæй  нымад арæнты.

«Æхсæнадæмон  барадмæ гæсгæйæ,   Абхаз æмæ Хуссар  Ирыстон сты  Гуырдзыстоны  хæйттæ.  Æхсæнадæмон  ахастытæ   æнцойæвæрд хъуамæ  цæуой  закъонтыл,  æмæ   ИНО-йы хартийы  принциптыл.  Ахсджиаг у уый  æмæ  Гуырдзыстоны уæвæг конфликттæ    аскуыддзаг уой   сабырадон фæндагæй» –  райхъусын кодта  Финляндийы  фæсарæн хъуыддæгты министр  Тимо  Сойни.

Польшæйы  фæсарæн хъуыддæгты министрад, Уæрæсейы æрдгæй  Гуырдзыстоны  ныхмæ сæххæст агрессийы  10 азы сæрыл,   специалон фидиуæн сахæлиу кодта.  «Дæс азы  размæ, Уæрæсейы  Федерацийы  æрдгæй  гуырдзыстоны ныхæ,   сæххæст æфсæддон агрессийы  фæстиуæгæн, Абхаз æмæ  Цхинвалы регионы  сæргъ слæууыдысты  сепаратисттæ,   кæцытæ  æххуысгæнæг  у  Мæскуы.  2008  азæй  райдайгæ  Польшæйы   фæсарæн хъуыддæгты министрад ацы   дыууæ регионы  сырæзт  уавæры мониторинг  уадзы æмæ  йæ  фарс хæцы æхсæнадæмон дзыллæй  тыхархайдæн,  кæцы  разæнгард у Гуырдзыстоны территорион  æнæхъæндзиад  ногæй рацаразынæн» – хъусын кæнынц  Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны.