Федерика Моггерини – Евроцæдис раздæр куыд никуы абон афтæ йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны территорийыл уæвæг конфликтты сабырадонæй аскуыддзагæн
Федерика Моггерини – Евроцæдис   раздæр куыд никуы абон афтæ йæ фарс хæцы  Гуырдзыстоны территорийыл  уæвæг конфликтты  сабырадонæй аскуыддзагæн

Евроцæдис  Уæрæсейы  æрдгæй  Гуырдзыстоны ныхмæ  сæххæст  агрессийæ  10 азы  сæрмæ  гæсгæ,   хæлиу кæны  деклараци.

Æдадсзинады æмæ  æддæ политикæйы  фарстыты  Евроцæдисы  бæрзонддæр  минæвары, Федерика Моггеринийы   номæй  публикацигонд    фидиуæны дзырдæуы,  цæмæй  Евроцæдис,  абон  афтæ  раздæр куыд никуы  уыдис, йæ фарс хæцы  Гуырдзыстоны территорийыл   уæвæг   конфликтты  сабырадон фæндагæй   аскуыддзагæн.

«Евроцæдис  йæ  фарс хæцы Гуырдзыстоны  суверенитет  æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн,  æхсæнадæмонæй  разы  арæнты фæлгæтты.  Хъыгагæн   Уæрæсейы  æфсæддæтты  уæвынæдæй  Абхазы æмæ Хуссар Ирытсоны, дарддæр кæны  æхсæнадæмон закъондæттынады  хæлд æмæ  уыцы  хæсистыты  ницæмæдард,  кæцыты Уæрæсе йæхимæ райста  2008 азы  12  августы  Евроцæдисы  æхсæны бацыдæй  къухбафыст  бадзырдæй.   Евроцæдис  фæстæмæ  баст  у   конфликты  аскуыддзагы  æрдæм  тыхархайдты  уый  нымæцы Женевæйы дискусситыл,  Евроцæдисы  æмсæрдаримæ æмгуыстады фæндагæй.   Ацы  рæстæджы  Гуырдзыстоны  уæвы   Евроцæдисы  мониторингы  миссий дæр», –  дзырдæуы  фидиуæны.

Уыйимæ  иумæ Евроцæдис райы  Гуырдзыстоны  хицауады инициативæ  «Къахдзæф  Хуыздæр Фидæры æрдæм»-æй,  кæцы  пайдаджын уыдзæн   оккупацион   хаххы  дыууæдæр фарсыл  цæрæг æмбæстæгтæн.

Фидиуæны куыд дзырдæуы,  афтæмæй,   ахæм  инициативæтæ  æххæстæй æмбæлон сты  Евроцæдисы политикæмæ,  кæцыйы  Брюссель   Абхаз  æмæ Цхинвалы регионы æрдæм  уадзы.

Фидиуæны мидæг афтæдæр хаххгонд  у, цæмæй  Уæрæсейы  агрессийæ 10 азон периоды дæргъы,   Гуырдзыстоны фæтыыхджындæр кодта  демокративон   институтты  æмæ  закъоны  сæйрагдзинады  принципы  фæфидардæр кæныны  æрдæм реформæтæ,  афтæдæр бахъом ис  экономикон   размæцыдмæ баххæссын  æмæ   инвестортæн æмæ  туристтæн   зæрдæмæдзæугæ ссис.

«Гуырдзыстон  ерын у   демократийы  модел  æмæ  дæнцон  æппæт регионæн», –  дзырдæуы  Евроцæдлисы  фидиуæны.

Документы афтæдæр хаххгонд   у, цæмæй  фæстаг азты мидæг, Гуырдзыстон æмæ Евроцæдис  æмгуыстад фæарфдæр кодтой. Уый нымæцы  баххæст ис  ассоциацидзинады бадзырд, кæцы æндавы, æппæтылæххæссæг  æмæ  сæрибар  базарады  бадзырдмæ,  кæцы  Евроцæдисы  фидиуæнæй,   Гуырдзыстонимæ  фидæнон  ахастытæ бæрæг кæны.  Афтæдæр ныхас цæуы  æнæвизæ   змæлды  бадзырд къухбафысты  нысаниуæгыл.

«Евроцæдсиы   æмгуыстад Гуырдзыстонимæ  у  æцæг   партнерад,  кæцы  бындурæвæрд у политикон  æмæ  экономикон   интеграцийыл,   афтæдæр  куыд  нæ адæмты æхсæн  хæларон  ахастытыл», –  дзырдæуы  фидиуæны.