Эстонийы хицауад - Дæс азы размæ Уæрæсе гуырымыхъхъ фехæлдта Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад
Эстонийы хицауад  - Дæс азы размæ  Уæрæсе гуырымыхъхъ  фехæлдта   Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад

Дæс азы размæ  Уæрæсе гуырымыхъхъ  фехæлдта   Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад –  уый фæдыл  дзырдæуы фидиуæны,  кæцы ппубликацигонд æрцыд  Эстонийы хицауады  официалон веб-фарсыл    Twitter-ы.

«Абоны онг дарддæр кæны Гуырдзыстоны  территориты  Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны  оккупаци.  Мах хъуамæ  баиргъæвæм  æхсæнадмон барад  æмæ  Уæрæсейæн бакой кæнæм   уыцы хæстыл тыххæй,    кæцыты  æнæмæнгæй  хъуамæ сæххæст кодтаит   æхсты фæурæды бадзырдмæ куыд æмбæлы афтæ»  –   дзырдæуы  Эстонийы  хицауады  фидиуæны.

Фидиуæнимæ иумæ  публикацигонд у Гуырдзыстоны  картæ,  кæцыйыл банысангонд сты   Уæрæсейы  оккупацигонд Абхаз æмæ  Цхинвал.

Афтæдæр абон  специалон фидиуæн ахæлиу кодта  Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр.  Свен Миксер куыд банысан кодта афтæмæй,   Абхаз æмæ Цхинвалы регион  сты  Гуырдзыстоны  æнæдихаг хæйттæ.  Эстонийы ФХМ  афтæдæр æрсидтис Уæрæсемæ, сæххæст кæна  æхсты фæурæды фæдыл  бадзырдæй лæвæрд домæнтæ æмæ акæна йæ æфсæддæ Гуырдзыстоны территоритæй.

Ацы рæстæджы Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр  райы  гуырдзыстоны  хицауады  иницивтивæйæ,  кæцы  йæ хъуыдйы дары  оккупацигонд регионты цуæрæг æмбæстæгты цæрæн аууæлтты  фæхуыздæр кæнын.