Гуырдзыстон-Грецийы футболон матчмæ кæсджыты 33 проценты бауадздзысты бæрæг домæнтæм гæсгæйæ
9 октябрмæ плангонд Гуырдзыстон-Грецийы матчмæ футболæй, кæсджыты 33 проценты бауадздзысты, – уый фæдыл æхсæнуагдонон координацион советимæ уæвæг операцион штабы хистæр Гиорги Гъибрадзе райхъусын кодта.
Координацион советы рабадты фæстæ Гъибрадзе райхъусын кодта, ома сæрхъызойты бауадздзысты бæрæг домæнтæм гæсгæйæ.
«Æрмæст сæ иу домæнмæ гæсгæйæ бауадздзыстæм, хъуамæ бавдисой вакцинацийы бæлвырдгæнæн документ, 72 сахатон валидон «PCR» тест, 24 сахатон антигены тесты æппæрццаг дзуапп кæнæ фæстаг 6 мæйы дæргъы, коронавирусон инфекцийæ кæй снæниз ис уый æвдисæнгæххæт» – райхъусын кодта Гъибрадзе.
Футболы Гуырдзыстон-Грецийы матч 9 октябры, 20:00 сахатыл Батумы централон стадионыл ацæудзæн.