Театртæм æмæ кинотеатртæм кæсджыты бауадздзысты  æрмæст маскæтимæ
Театртæм æмæ кинотеатртæм кæсджыты бауадздзысты æрмæст маскæтимæ

Æнæнизхъахъхъæды  министрады   куысты  уавæрты инспекцийы  департаменты  хистæры,  Бека   Перадзейы  фидиуæнæй,   дезинфекцион   куыстыты æмæ  термскрининг ауадзыны æркуырд театрты æмæ   кинотеатртæм дæр æххæсдзæн.  Уый фæдыл  Перадзе   райхъусын кодта  координацион советы  рабадты фæуды фæстæ.

Йе ныхæстæм  гæсгæ,  кæсджытæ  киносеансты æмæ спектаклмæ бауадздзысты  маскæтимæ æмæ  фæйнæ бынат фæуадзгæйæ сæ  сбадын кæндзысты.

«Фондз квадратон метрмæ  гæнæн  уыдзæн иу адæймагы бауадзын.  Афтæдæр,  театры уæвыны  иууыл фылдæр  рæстæг  у  æртæ сахаты,  кæцы хауы  куыд  кæсджыты бацыдмæ, афтæ  бæстыхай  ныууадзыны процессмæ.  Мадзæлттæ   хъуамæ  ацæуа  æнæаскъуынгæйæ, æнæ антрактæй.  Афтæдæр   æмбæлон процедурæтæ  сты бæрæг   дезинфекцион куыстытæм гæсгæ. Сегасдæр нысаниуæгджын   уый у, цæмæй   адæймæгты бауадздзысты  маскæимæ  æмæ уыдон  рабадын кæндзысты   фæйнæ бынат ауадзгæйæ», – райхъусын кодта Бека Перадзе.