Гуырдзиаг сæн æвдыст æрцыд Нью-Йоркы æхсæнадæмон сæны фестивалы
Гуырдзиаг сæн æвдыст æрцыд Нью-Йоркы æхсæнадæмон сæны фестивалы

АИШ-ы базармæ гуырдзиаг сæны экспорт фæбæрзонддæр кæныны нысанæй, Нью-Йоркы уагъдцæуæг «Карактерре»-йы æхсæнадæмон сæны фестивалы, кæцыйы сæны националон агентад æмæ америкаг маркетингон компани Colangelo & Partners-ы организгондæй, аст гуырдзиаг сæны ныккæнды бавдыстой.

Ацы аз фестивалы спонсортæй иу уыд Националон сæны агентад.

Фестиваль «Карактерре» у дунейы раззагдæр сæны фестивалтæй иу, кæцы æмбырд кæны органикон, биодинамикон æмæ æрдзон сæн уадзджыты дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæтæй. Арæзт æрцæуы æрвылаз Австрийы æмæ Нью-Йоркы историон бынæтты.

Ацы аз фестивалы архайдтой 200 сæнуадзæджы бæрц дунейы 30 бæстæйы бæрцæй.

Фестивалы мингай уазджытæн уыд фадат бавзарын 15 бæрц гуырдзиаг сæны æндæр æмæ æндæр стильтæй, кæцыйæн стыр нысаниуæг ис гуырдзиаг сæны æмбарынад æмæ популяризацийы фæбæрзонддæр кæнынæн.

Фестивалы фæлгæтты ма уагъд æрцыд Саперавийы мастер-класс дæр.

Гуырдзиаг сæны стратегион базартæй иуы – АИШ-ы, сæны националон агентад сеппæтæй стырдæр америкаг маркетингон компани Colangelo & Partners-имæ æмгуыстадæй гуырдзиаг сæны маркетингы кампани реализаци кæны.

Кампанийы фæлгæтты, АИШ-ы æндæр æмæ æндæр горæтты уагъд цæуынц дегустацион семинартæ сæны профессионалтæн æмæ сæны базарады минæвæрттæн. Гуырдзиаг сæн афтæ дæр æвдыст цæуы æппæтдунеон равдыстытыл, Гуырдзыстоны медийы, сомельетæ æмæ уæйгæнджыты минæвæрттæн уагъд цæуынц сæны туртæ, кæцы ахъаз кæны гуырдзиаг сæны хуыздæр æмбарынад æмæ популяризацийæн америкаг базары.

Уый фæдыл информаци сæны националон агентад хъусын кæны.