Гуырдзиаг сæн, Гиннесы дунейы рекордты æхсæн ис. Уый фæдыл хъусын кæны организацийы веб-фарс. «Гуырдзыстоны, Тбилисæй 50 километр хуссары, археологион цырт Шулаверийы Хохы æмæ Фаст Хохыл ссаргæ керамикæйы баззаййæгæгты мидæг ис зæронд азфыстæй 6000-5800 азтæй датæвæрд сæны химикон фæд. Креамикæ æфсæст у сæны туагадæй, кæцы стыр бæрцæй вæййы æввахс скæсæнæ æркæнгæ сæнæфсиры (Vitis vinifera) кæцыйæ дæр ацы сæн уыд арызт. Уымæй уæлдай, сæны фæд бæлвырд кæны ссагæ æндæр органон туагадтæ ( фæткъуыйы, лимоны æмæ дзиндзийы) кæцытæ афтæдæр фæбæрæг вæййынц европаг сæны сконды» – дзырдæуы Гиннесы Дунейы рекордты веб-фарсыл.
«Сæны фæд ссардæуыд егъау дурынты, кæцытæй æнхъæлцау пайда кодтой ферментацийы æмæ сæны бавæрынæн. Ацы ссарæггагы размæ, химиконæй идентивикацигонд сегасæй рагон сæны ссардтой Ираны, Хаджи-Фируз-Тепейы археологион цыртыл; уыцы ссарæггагы датæ у з.а. 5400-5000 азтæ. Гуырдзыстоны цы баззаййæггæгтæ ссардæуыд, уыдон 600-1000 азæй хистæр дæр сты, æмæ нын амонынц уый цæмæй, сæны кондад æмæ гæнæн ис сæндуцынады къабаз дæр, растдæр ацы ранæй рацыд нырма ноджы 8000 мин азы размæ».
Ссарæггаг хауы, Пенсивальнийы Университеты археологи æмæ антропологийы музейы молекулярон археологмæ, профессор Патрик Макговерны куыстмæ, кæцы автор у иртасæны номхуындæй «Гуырдзыстон раззаг неолиты сæны». Фæнысангонд иртасæн 2017 азы 13 нобяры публикагонд æрцыд, ахадæн зонадон журнал Proceedings of the National Academy of Sciences (PNAS)-ы . Иртасджыты къорды афтæдæр уыдысты ахуыргæндтæ Гуырдзыстонæй, Францæй, Италийæ, Израилæй, Канадæйæ, АИШ-æй æмæ Данийæ.