Шалва Папуашвили – Рæсугъд ныхæстæй зæгъынц, цæмæй Украинæ Евроцæдисы раззаг хахх у, фæлæ сæхи туг ныккалын нæ фæнды. Брюсселы амынддзинæдтæм гæсгæ куы архайдтаиккам, уæд уыдаиккам пырх бæстæ
Архайдтам Гуырдзыстоны националон интерестæм гæсгæ, нæ фæлæ Брюселы амынддзинæдтæм гæсгæ, кæцымæ куы æххæст кодтаиккам, уæд абон экономикон æмæ физиконæй хæлд бæстæ уыдаиккам – уый фæдыл парламенты сæрдар Шалва Папуашвили социалон хызагы фыссы.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны интерестæ сæхи интерестæй уæлдæр ничи сæвæрдзæн.
«Ацы таблицæтæ дæттынц абарст Гуырдзыстон æмæ Молдовайы экономикон рæзты 2021-2024 азты. Кæд æмæ 2021 азы Молдова «Ковиды» расайгæ экономикон рецессийæ махæй ноджы тыхджындæр рахызт 13,9% экономикон рæзтимæ, уæд хæсты райдайæнæй карз экономикон стагнацийы уыд, бæрæггæнæнтимæ нулмæ хæстæг.
Кæд æмæ 2021 азы Гуырдзыстоны бюджет Молдовæйæ 2,4 миллиард долларæй фылдæр уыд, уæд 2025 азы нæ бюджет Молдовæйæ 4,8 миллиард долларæй фылдæр уыдзæн, уый нысан кæны, цæмæй фондз азы мидæг нæ бюджетты æхсæн хицæндзинад дыууæ хатты фæфылдæр кодтам.
Æппæт уыдæттæ, цалынмæ Молдавийæн лæвæрд æрцыд кандидатурæ, райдыдта бадзырдтæ, зæрдæ бавæрдта уæларвæй маннæйæ, æмæ ма суанг нæ рæзты дæнцæгæн равдисынмæ дæр хъавыд, уæдмæ мах æнæраст æхстытæ æмæ советон хуызы тасдзинæдтæ æвзæрын кодтой.
Уæдæ цы æрцыди? Цы сарæзтам кæнæ нæ сарæзтам, цæмæй нæ скодта лидер экономикон рæзты æппæт Европæйы бæстæтимæ абаргæйæ, Молдовæ та ис карз экономикон стагнацийы?
Дзуапп бæрæг у: мах архайдтам Гуырдзыстоны националон интерестæм гæсгæ, нæдæр Брюсселы амынддзинæдтæм гæсгæ, кæцытæ куы æххæст кодтаиккам, уæд абон уыдаиккам экономикон æмæ физикон æгъдауæй хæлд бæстæ.
Ацы истори алкæмæн дæр хъуамæ уа урок, цæмæй бамбарой, нæ бæстæйы интерестæ йæхи интерестæй уæлдæр ничи сæвæрдзæн. Ацы урок райстам, Киев нын куы бахатыд, цæмæй официалон æгъдауæй æрвитæм хæстонтæ; ацы урок мах райстам, Брюссель нын Уæрæсеимæ арæн сыхгæнын куы бахатыд, уæд; ацы урок райсæм, рæсугъд ныхæстæй куы фæзæгъынц, цæмæй Украинæ Евроцæдисы раззаг хахх у, фæлæ сæ уыцы фронтыл сæхи туг ныккалын нæ фæнды», – фыссы Папуашвили Шалва.