Шалва Папуашвили – Венесуэлайы операци, кæцы цалдæр минуты дæргъы цыд, афтæ дæр сбæлвырд кодта, цæмæй Евроцæдис, куыд æхсæнадæмон фæткæвæрды гарант æмæ дунеон геополитикон архайæг, нал ис
Шалва Папуашвили – Венесуэлайы операци, кæцы цалдæр минуты дæргъы цыд, афтæ дæр сбæлвырд кодта, цæмæй Евроцæдис, куыд æхсæнадæмон фæткæвæрды гарант æмæ дунеон геополитикон архайæг, нал ис

Гуырдзыстоны хицауады дыууæ сæйраг хæслæвæрд æнæивгæйæ баззадысты – бæстæйы территорион æнæхъæндзинады сног кæнын æмæ гуырдзиаг адæмы хæрзиуæг сифтонг кæнын – фыссы парламенты сæрдар Шалва Папуашвили социалон хызагы.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, территорион æнæхъæндзинадыл тохы политикон æнкъарæнтæн æмæ иллюзитæн бынат нæй, уыцы паддзахад æмæ хицауад, кæцы нæ нымайы Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад, гуырдзиаг адæмы хæлар никуы уыдзæн.

“Абон Венесуэлæйы цы рабæрæг, уым махæн ногæй ницы ис. Мах уый раджы федтам æмæ йын раст аргъ скодтам. Растдæр уый у рагон адæмты историон авналæн. Мах мингай азты дæргъы быхстам ахæм “æхсæнадæмон бардзырдтæн”, рацыдыстæм бирæнымæц геополитикон катаклизмæтыл æмæ ссардтам нæхи фæндаг фервæзынæн.

Ацы бонты мах ногæй федтам адæмы къорд, кæцытæ фыццаг бæллыдысты Майданмæ, уый фæстæ Непалмæ, ныр та Венесуэлæмæ. Уый у ахæм адæймæгты къорд, кæцытæ уарзынц искæй тырыса, адæмы æххуысæй сæ ныфс чи фесæфта, кæрдæджы хуызæн æддагон тыхтыл чи хæцы, æмæ бæллынц «демократион бомбæтæ» æмæ «либерализмы ракетæтæм». Демокративон æгъдауæй ныппырхгондтæн сæ бон у ныфс дарын æрмæстдæр иу сценарийыл хицауад райсынæн – æддагон æрбабырст æмæ тыхмийы фæрцы хицауадмæ æрцæуын.

Фæстагмæ, цалдæр минуты дæргъы Венесуэлæйы цы операци цыд, уый дæр сбæлвырд кодта, цæмæй Евроцæдис, куыд æхсæнадæмон фæткæвæрды гарант æмæ глобалон геополитикон архайæг, нал ис æмæ, æвæццæгæн, ахæм никуыуал суыдзæн. Уымæй уæлдай ма рабæрæг, Брюссель куы бахъæуа, уæд нæ фæзивæг кæндзæн дунеон фæтк фехалынæй пайда райсын æмæ дзы суанг æфсонæн дæр спайда кæндзæн. Уымæн хорз бæлвырдгæнæн сты Брюселы Гуырдзыстоны ныхмæ æхсæнадæмон барады хæлдæй архæйдтытæ дæр.

Январы фыццаг бонты цы æппæтдунеон тыхдымгæ сыстад, кæцы цыма æрмæст тых æмбырд кæны, ноджы тынгдæр фæтыхджындæр кодта нæ пълан 2026-æм азмæ – сабырадон политикæйæ ма фæиппæрд уæм æмæ æндæр адæмы сценариты ма бахауæм.

Нæ фæстæ сты уыцы адæймæгтæ, кæцыты фæнды сабырад æмæ дидинæфтыд хæдбар æмæ иугонд Гуырдзыстоны. Фæсарæйнæгты скадджынгæнæг къæйных гуырдзиæгты алы ныхас æмæ архайд æрмæстдæр бæлвырд кæны, цæмæй æрмæстдæр «Гуырдзиаг бæллиц» йæ бон у ацы нысан баххæст кæнын, æмæ нæ ничи æмæ ницы хъыгдардзæн ацы нысанмæ баххæсынæн», – фыссы Папуашвили Шалва.