«Гуырдзиаг Бæллиццы» инициацигонд у ивæндзинæдтæ, кæцытæ цалдæр фадыгыл закъондæттынад фæкарздæр кæндзысты
Мах инициаци кæнæм закъондæттæн ивæндзинæдтæ, цæмæй бæстæйы æнæэффективон хицауиуæгмæ здæхт закъæттæ баивæм ахæм нормæтæй, кæцытæ æххæст кæндзысты, цæмæй адæмы æвзæрст хицауадæн уа æмбæлон левередж æмæ фæрæзтæ бæстæйæн хицауиуæг кæнынæн – уый фæдыл парламентон фылдæры хайы лидер Мамука Мдинарадзе расидтис.
Мдинарадзейы ныхæстæм гæсгæ, «бирæ цауты, æрмæст цыппарсæдæ адæймагæй арæзт хорз цæттæгонд агентады ядро, кæцыйы организаци кæнынц фæсарæйнаг тыхтæ, карзæй хæлы цыппар милуан адæймагы, ацы бæстæйы æмбæстæгты бартæ æмæ растдæр ацы аномалийы сраст кæныны тыххæй закъондæттæн ивындзинæдтæ цæуынц инициргонд».
«Куыд зонут афтæмæй, «Арф Паддзахады» агентты æрдыгæй Гуырдзыстоны абон дæр цæуынц хицауады аивыны фæлварæнтæ». Раст у, ацы хатт дæр уыдон бавзæрстой серьезон фæстæзаддзинад, фæлæ нæм уæддæр зындзинæдтæ ис. Сæ хицæутты бардзырдмæ гæсгæ, уыдон дарддæр кæнынц æнæхъæн бæстæйы змæстытæ æмæ, амондæн, сæ нысанмæ хæстæг никæцæй сты. Уымæ æнæкæсгæйæ, сæ шпионажон архайд æмæ уыимæ баст æддагон æххуыс бæстæйæн æвзæрын кодтой чысыл, фæлæ æндæр æмæ æндæр проблемæтæ. Зæгъæм, ивгъуыд азы декабры, 10% экономикон рæзты бæсты, бæстæйы уыд 6,5% экономикон рæзт, ларийы курс фæфыддæр ис æмæ уый фæстиуæгæн дæр бæстæ æмæ йæ экономикæ райста бæрæг цæф.
Абонæй фæстæмæ экономикон здæхты ацы æппæрццаг здæхт сраст ис, фæлæ паддзахад хъуамæ сараза алы гæнæн, цæмæй «Арф паддзахадон агентад» афтæ къаддæр æнхъæлмæ кæса бæстæйы æмæ йæ адæмы интерестæн æрхъуыдыгонд пропагандæ æмæ зианхæссæг аргументтæ. Иттæг ахсджиаг у, цæмæй хицауадæн бантыса адæмæн æмæ райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнын æнæ искусственон цæлхдуртæй. Искусственон цæлхдуртæй мæ зæрдыл дарын закъондæттæн ивддзинæдтæ, кæцытæ райст æрцыдысты раздæры периоды, алы рæстæджыты, псевдолибералон идеологи æмæ æддагон тыхты æндæвдады бын, кæцытæ комкоммæ здæхт уыдысты паддзахад æмæ йæ институтты скуынæг кæнынмæ æмæ фæлæмæгъдæр кæнынмæ. Азты дæргъы, лыстæгдзинады æмвæзадыл, закъондæттынадмæ æнæбары хаст æрцыдысты закъондæттынадмæ ивддзинæдтæ, цæмæй паддзахад æмæ йæ хицауиуæгады рычагтæ куыд гæнæн ис, афтæ фæлæмæгъдæр уой. Абон, нæ амондæн, махæн ныридæгæн ис ахæм хæдбардзинады æмвæзад, цæмæй нæ бон уа ахæм зианхæссæг нормæтæ аивын, кæцытæ фæхуыздæр кæндзысты адæмы æвзæрст хицауады бæстæйы хицауиуæгады рычагтæ æмæ, иннæрдыгæй, æнцондæр кæндзысты инвестицитæ æрбакæнын , экономикæйы фидар кæнын/сног кæнын, æмæ ма хъахъхъæндзæн пъæлицæйы кусджыты, паддзахадон кусæгты æмæ хицауады кусджыты æндæр минæвæртты псевдолибералон фашизмæй, æфхæрдæй æмæ чысыл агентады къордты æлгъаг бырстытæй. Абон махæн ис ахæм уавæр, æмæ бирæ цауты, хорз ахуыргонд агентон къорд, арæхдæр æрмæстдæр цыппарсæдæ адæймагæй арæзт, фæсарæйнаг тыхтæй организацигонд, æргомæй халы цыппар милуан адæймаджы, ацы бæстæйы æмбæстæгты бартæ. «Растдæр ацы аномалийы сраст кæнынæн инициаци кæнæм закъондæттæн ивæндзинæдтæ, цæмæй бæстæйы æнæэффективон хицауиуæгадмæ здæхт закъæттæ ивд æрцæуой ахæм нормæтæй, кæцытæ æххæст кæндзысты, цæмæй адæмы æвзæрст хицауадæн уа æмбæлон рычагтæ æмæ фæрæзтæ бæстæйæн хицауиуæг кæнынæн », – загъта Мамука Мдинарадзе.