«Гуырдзиаг Бæллиццы» централон офисы цур, «Гуырдзиаг Марш» уадзы протестон акци
«Гуырдзиаг Бæллиццы» централон офисы цур, «Гуырдзиаг Марш» уадзы протестон акци. Акцийы хайадисджытæ хъусын кæнынц, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллицц» æвзæрстытæ фæмæнг кодта æмæ сын сæ хъæлæстæ адавдта.
«Гуырдзиаг Маршы» иуæй-иу лидер Сандро Брегадзе хъусын кæны, цæмæй æвзæрстытыл уыдонæн æмтгæй райсгæйæ 15 000 хъæлæс адавдтой æмæ уыдон хъæлæстæ сæрыл тох кæнын хъавынц. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, акцийы хайадисджытæ курынц æмгъуыдагъоммæ нæ фæлæ бынтон ног æвзæрстытæ ауадзын, æмæ ацы æркуырдæй цалдæр бонмæ канцелярийы цур, æнæмгъуыд нæхæргæ протест райдайдзысты.
Акцийы хайадисджытæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» лидертимæ фембæлын курынц.
«Адон æвзæрстытæ нæ уыдысты, ай уыд спецопераци гуырдзиаг адæмы ныхмæ. Уый тыххæй хицауаж кæцы ацы худинаггаг, фæмæнггонд æвзæрстытæ ауагъдта, хъуамæ аива йæ фæстиуджытæ æмæ снысан уа ног парламентон æвзæрстытæ. Адавдтой нын нæ хъæлоæстæ. Алы партиимæ солидларон стæм, кæцытæй хъæлæстæ адавдтой, фæнды радикалонæй хъауджы цæстæнгасы фарсхæцæг уæт махæй» – райъ
Уцсын кодта Брегадзе.
Бынатыл мобилизацигонд сты барадхъахъхъæнджытæ.