«Гуырдзиаг Бæллицц» премьер-министртæм кандидатæй бавдыста Ираклий Гъарибашвилийы
«Гуырдзиаг Бæллицц» премьер-министртæм кандидатæй бавдыста Ираклий Гъарибашвилийы. Уый фæдыл уынаффæ парти «Гуырдзиаг Бæллицц- Демократон Гуырдзыстоны» политикон советы абоны рабадтыл рахастой.
Партийы сæрдар Иракли Къобахидзе брифингыл куыд фехъусын кодта афтæмæй, Гъарибашвилийы премьер-министртæм кандидатæй бавдисыны фæдыл уынаффæ зæгъгæ политсовет æмхъæлæсонæй рахаста.
«Абон ацыдис партийы политикон советы рабадт, кæцыйыл ист æрцыд скуыддзаг премьер-министртæм кандидаты бавдисыны фæдыл. Мæхи куыд партийы сæрдары бавдисыны бындурыл, политикон совет æмхъæлæсонæй рахаста уынаффæ премьер-министртæм кандидатæй Ираклий Гъарибашвилийы бавдисыны тыххæй. Алчи дзæбæх зонæм, цæмæй Ираклий Гъарибашвили у «Гуырдзиаг Бæллиццы» бындурæвæрæг æмæ иуæй-иу лидер, кæцы нæ бæстæйæн иттæгнысаниуæгджын периоды ахста сæрыфыццагæй мидхъуыддæгты министры, уый фæстæ та – премьер-министры пост, ныр та уый уыдис хъахъхъæнынады министр. Йæ министрæй уæвыны æмæ премьер-министрæй уæвыны периоды сыххæст ис иттæг нысаниуæгджын реформæтæ. Уый у тынг фæлтæрд профессионал, кæцыйæн йæ бон у хицауадæн разамынд кæнын æмæ уыцы быцæусидтытыл фæтых уыныл аудын, кæцыты раз лæууы нæ бæстæ. Фæнды мæ æнтыстытæ йын раарфæ кæнон Ираклий Гъарибашвилийæн премьер-министры бынатыл. Хицауады ног сконд сбæлвырд уыдзæн законæй бæрæг цыбырдæр æмгъуыдтæм» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Премьер-министртæм кандидаты бавдисын уый фæстæ бахъуыд, Гиорги Гахариа йæ постæй йæхи куы суæгъд кодта. Куыстуагъды фæдыл Гахариа фидиуæн сарызта хицауады администрацийы абоны брифингыл .
Ираклий Гъарибашвили Гуырдзыстоны премьер-министры пост 2013 азы 20 ноябрæй 2015 азы 24 декабры онг ахста.