Гуырдзиаг æвзаджы бацæттæгæнæн ахуырадон программæйы фæлгæтты, студентты  финансдзинад фæдывæр ис
Гуырдзиаг æвзаджы бацæттæгæнæн ахуырадон программæйы фæлгæтты, студентты финансдзинад фæдывæр ис

Гуырдзыстоны ахуырады, зонæдты æмæ фæсивæдон  хъуыддæгты министры, Гиорги Амилахварийы   уынаффæйæ,  2024-2025 ахуырадон азæй  гуырдзиаг æвзаджы   бацæттæгæнæн  рухсадон программæйыл (1+4)  бахаугæ  студентты паддзахадон  ахуырадон  грантæй  финансдзинад фæдывæр ис.  Информацийы, ахуырады, зонæдты æмæ фæсивæдон хъуыддæгты министрад хъусын кæны.

Уагдоны хъусинагæй, ахуыр  æрвылазонæй 100-100 сомихагæвзагон æмæ азербайджайнагæвзагон   студенты бæсты, 200-200 студентæн сфинанс удзæн.

«Банысанкæнинаг у уый, цæмæй «1+4»- ахуырадон программæй  фæлгæтты, азербайджайнагæвзагон æмæ сомихагæвзагон  тесты фæстиуджыты бындурыл  бахаугæ  студентты паддзахадон  ахуырадон  грантæй  финансдзинады бæрц у  450  000 – 450000  лари æмæ финансдзинады бæрц æрвылазонæй ноджы райрæздзæнис.

Гуырдзыстоны  ахуырады,  зонæдты æмæ фæсивæд министрады  иуæй-иу сæйраг приоритет у  этникон  къаддæрдæрты  минæвæрттæн   аахуырад рæувадат дæр скæнын.  Растдæр ацы  нысанæн   у  «1+4»  ахуырадон программæйы  фæлгæтты  студентты  финансдзинады бæрц  фæдывæр кæнын.

«1+4»  ахуырадон программæ  этникон къаддæрдæрты  минæвар абитуриенттæн, специалон   уæлидзинады  политикæйы фæлгæтты  цæуы æххæст æмæ сын дæтты фадат,  фенцондргонд  фæндагæй  самал кæной   бæрзонддæр ахуыргæнæндоны  ахуыры адарддæр кæныны бар æмæ конкретон   ахуыргæнæн программæимæ базонгæйы размæ фæхуыздæр кæной гуырдзиаг æвзаджы  сæ зонынад. Сæрмагондæй та, этникон  къадæрдæрты минæвар  студенттæн «1+4»  ахуырадон программæйы фæлгæтты, фæндон университеты ахуыр кæнын æрмæст фæлтæрдты фæлварæн  мадæлон æвзагыл  раттыны бындурыл у сæ бон.

«1+4» ахуырадон программæ  студенттæн, ахуырмæ фенцондæргонд  уагæй  райстимæ иумæ,  йæ хъуыдыйы дары финансдзинад дæр.  Студенттæн мадæлон æвзагыл   фæлварæн  æнтыстджынæй раттыны   цауы, сфинанс уыдзæн   ахуыр гуырдзиаг  æвзаджы бацæттæгæнæн программæйыл, кæцыйы фæуды фæстæ уыдон  афтæдæр  æххæст финансдзинадæй  адарддæр кæндзысты ахуыр  уыдонæн фæндон  ахуырадон программæйыл», –   банысангонд у  уагдоны информацийы.