Гуры, Сачхерейы æмæ Ахалгоры оккупацигонд хъæуты абонентты электроэнергийы хæс паддзахадон бюджетæй бамбæрздзысты
Уæрæсейы Федерацийы сæххæст æфсæддон агрессийы фæстиуæгæн оккупацигонд территоритыл – Гуры, Сачхерейы æмæ Ахалгоры муниципалитетты хъæуты абонентты бахардзгонд электроэнергийы аргъ, бамбæрздзæн паддзахадон бюджет.
Хицауады барамындæй, суммæты рауæлдай бахæс кодтой экономикæйы министрадæн. Æмбæлон хыгъдлæвæрд та, паддзахадон компани «Энерго-Про Джорджиа» бавдыста.
Дзырдæуы 2018 азы ноябрæй 2019 азы ноябры банымадæй бахардзгонд электроэнергийы аргъыл.
Суммæтæ рауæлдай уыдзысты бюджетæй, «цæрджыты электроэнергийæ æмæ æрдзон газæй пайдакæнынад фæхуыздæры» программæйы фæлгæтты.