Гуры, Сачхерейы æмæ Ахалгоры оккупацигонд хъæуты абонентты электроэнергийы хæс паддзахадон бюджетæй бамбæрздзысты

Уæрæсейы Федерацийы  сæххæст æфсæддон   агрессийы  фæстиуæгæн   оккупацигонд территоритыл – Гуры,  Сачхерейы æмæ Ахалгоры   муниципалитетты  хъæуты  абонентты  бахардзгонд  электроэнергийы   аргъ,  бамбæрздзæн паддзахадон бюджет.

Хицауады   барамындæй,  суммæты   рауæлдай  бахæс кодтой   экономикæйы  министрадæн.   Æмбæлон  хыгъдлæвæрд та,  паддзахадон  компани  «Энерго-Про Джорджиа» бавдыста.

Дзырдæуы  2018  азы  ноябрæй  2019  азы   ноябры  банымадæй  бахардзгонд  электроэнергийы   аргъыл.

Суммæтæ рауæлдай уыдзысты  бюджетæй, «цæрджыты  электроэнергийæ æмæ æрдзон газæй    пайдакæнынад фæхуыздæры»  программæйы   фæлгæтты.