Гуры мэр Гугутъианткаримæ ныццыд – загътон уырыссæгтæн цææмй æнæзакъонон у, нæ зæххыл цы аразынц уый, фæлæ мын дзуапп нæ раттой
Мæнæн тынг зын уыдис, эмоуионæй ацы уавæрмæ кæсын, нæ зæххыл куы сты æмæ æмбондтæ куы аразынц – уый тыххæй æнцойуагъдæй æрыздæхгæ Гуры мэр КОнстантинэ Тавзарашвили Гугутъианткарийы хъæуы, журналистæн загъта.
Гуры мэры дзырдæй, уый аныхас кодта оккупацион тыхты минæвæрттимæ кæцытæ абон 11:15 сахатыл æмбондтæ аразын сног кодтой.
«Æз сæм бацыдтæн, бахъавыдтæн сын зæгъын цæмæй ай æнæзаконон уыд æмæ цæмæн аразынц исты нæ зæххыл, фæлæ мын дзуапп нæ раттой, аздæхтысты æмæ сæ куыст адарддæр кодтой. Мæ сидт уый мидæг уыд, цæмæй баурæдтаиккой куыст æмæ ацыдаиккой. Фæлæ та зæгъын, дзуапп мын нæ раттой. Æрмæст уый загътой, цæмæй дам мах бардзырд æххæст кæнæм. Уый тыххæй ам лæуудзынæни æнæхъæн бон, мæ бон цы у алцыппæт сараздзынæн, цæмæй ахæм æнæзакъонон ми, ма æрцæуа. Нæ хицауад алы амæлттæй архайы уый тыххæй, цæмæй ацы процесс урæд æрцæуа æмæ фидæны мауал сфæлхатт уа ахæм æнæзакъонон бордеризаци æмæ уырнæг дæн, цæмæй телтæй æмбондтæ тагъд ист æрцæудзысты æмæ ацы территори ссæрибар уыдзæн» – райхъусын кодта КОнстантинэ Тавзарашвили.
Гуры мэры информацийæ, уырыссаг æфсæддæттæ йын загътой цæмæй, зæгъгæ доны резервуар, оккупацион хаххы иннæ фарс нæ бакæндзысты æмæ цæрджыты æнæдон нæ ныууадздзысты.