Гурдзыстонмæ Тоиво Клаар æрцæудзæн
Гурдзыстонмæ Тоиво Клаар æрцæудзæн

Гуырдзыстонмæ æввахс бонты æрцæудзæн  Евроцæдисы специалон  минæвар  Тоиво Клаар. Уый фæдыл  бынысангонд у фидиуæны, кæцыйы Евроцæдисы  фæсарæн архæйдтыты  куыст Еврокамисы вице-президенты, æддæ политикъæ  æмæ  æдасдзинады  фарстатйы Евроцæдисы  бæрзонддæр  минæвары Федерика Моггеринийы æмæ  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министр Давит Залкалианийы  телефонон ныхасы  фæстæ ахæлиу кодта.

Документы афтæдæр банысангонд у, цæмæй  Евроцæдис активонæй  баст у  Гуырдзыстоны  уавæры стабилизацийы  æмæ  конфликты  сабырдонæй  срегулирг кæнынмæ  тыхархæйдтыты, сæ нымæцы, Женевæйы  дискусситы  хайадисгæйæ  æмæ Евроцæдисы  цæстдарæг миссийы  фæрцы, афтæдæр  Евроцæдисы специалон  минæвар Тоиво Клаары  тыхайрхайдæй, кæцы æввахс  бонты  Гуырдзыстонмæ ныццæудзæн.

Фидиуæнмæ гæсгæйæ,  Федерика Моггерини  гуырдзиаг дипломатимæ  ныхасы,  æркастис  хъæу Гугутъианткарийы бордеризайы  фарста.

«Телæмбондты  айтындзын  куылымпы кæны бынæттон   цæрджыты сæрибар  бынативд  æмæ сын æмбонд кæны  хъæууон хæдзарадон зæххы фадгуытæй æмæ  донхæрæн доны  ресурстæй  пайдакæнынад,  кæцы  сæ æрвылбойнон цардуагæн æнæмæнгхъæугæ у. Еврокамисы уæллагдæр  минæвар  æмæ вице-президент  Федерика Моггерини банысан кодта, цæмæй  ахæм архæйдтытæ  æнæаргъæвгæйæ  урæд хъуамæ æрцæуой  æмæ алы хайадисæг фарс хъуамæ  спайда кæна  коммуникацийы  алы уæвæг  фæрæзтæй» –  бынсангонд у Федерика Моггеринийы  уагдоны  фидиуæны.

Телефонон ныхасы  рæстæджы  Федерика Моггерини сбæлвырд кодта  Евроцæдисы  фарсхæцынад Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион æнæхзъæндзинадæн  æхсæнадæмонæй  нымад  арæнты.