Гурам Кашиа - 38-аздзыдæй, рæстæг у бузныг зæгъын æмæ уын фехъусын кæгнын, мæ æхсæнадæмон карьерæ кæронмæ кæй ахæццæ кæндзынæн июны Румынийы ныхмæ матчæй #1TVSPORT
Гуырдзыстоны футболон æмбырдгонды капитан Гурам Кашиа йæ карьерæ æмбырдгондимæ июны фæуыдзæн – уый фæдыл уый Михеил Месхийы пресс-конференцийы залы журналисттимæ фембæлды рæстæджы расидтис.
«Мæ бон у ныр зæгъын, цæмæй сæрмагондæй мæхи цæттæ кæнын мæ фæстаг æхсæнадæмон матчмæ, кæцы мæм æнхъæлмæ кæсы июны.Фæндыд мæ ацы æскъуыддзаг сæрмагондæй расидон сымахæн – Гуырдзыстоны æмбырдгонды сæрхъызойтæн, мæ фарсхæцджытæн æмæ æнæхъæн бæстæйæн.
38-аздзыдæй æрцыд рæстæг, цæмæй уын стыр бузныг зæгъон æмæ уын фехъусын кæнон мæ 17-азон æхсæнадæмон карьерæйы кæрон. Ацы дзырдбаст, куыд фæтк, дзуапп дæтты æппæт фарстытæн мæ уынаффæйы фæдыл. Ацы футболон истори уыд æцæгæйдæр даргъ, цымыдисон æмæ мысинæгтæй едзаг.
Æз амондджын дæн, бирæ азты дæргъы кæй лæггад кæнын мæ бæстæйæн æмæ æппæт дунейы дæр кæй уарзынц, уыцы спорты минæвар кæй дæн, уымæй. Æхсызгон мын у, æндæр æмæ æндæр фæлтæры гуырдзиаг футболисттимæ иумæ хъазынæн мын фадат кæй фæцис.
Æз ныр афтæдæр æнхъæлмæ кæсдзынæн фидæн дыууæ матчмæ, куыд сæрхъызой, æмæ июны, Румынийы ныхмæ хæларадон матчы, Гуырдзыстоны æмбырдгонды сконды мæ футболон уæлæдарæсы кондæй сæрыстырæй фæстаг хатт ахъаздзынæн.
Фендзыстæм уæ мæ 129-æм, фæстаг æмæ æнæферохгæнгæдæр æхсæнадæмон фембæлды», – зæгъы Гурам Кашиа.
Гурам Кашиа æмбырдгонды сконды фыццаг хатт хъазыд 2009 азы Тбилисы Монтенегройы ныхмæ. Абоны онг 38-аздзыд хъахъхъæнæг ахъазыд 128 æхсæнадæмон матчы æмæ бакъуырдта æртæ голы. Кашиайы къухдариуæгадæй, Гуырдзыстоны æмбырдгонд фыццаг хатт ахъазыд 2024 азы Европæйы чемпионаты, æнтыстджынæй ахызт къордон этап æмæ ахызт Европæйы 16 хуыздæр æмбырдгонды æхсæнмæ.
Дыккаг июны Михеил Месхийы номыл стадионы Гуырдзыстон-Румынийы хæларадон хъазт сырæздзæн.