Премьер-министр æмæ парламенты сæрдар Гуырдзыстоны футболон æмбырдгонды уæнгты Джелбетты Ордены хорзæхмæ раразмæ кодтой
Премьер-министр æмæ парламенты сæрдар Гуырдзыстоны футболон æмбырдгонды уæнгты Джелбетты Ордены хорзæхмæ раразмæ кодтой

Премьер-министр Ираклий Къобахидзе æмæ  парламенты сæрдар, Шалва Папуашвили, Гуырдзыстоны  футболон æмбырдгонд уæнгты  раразмæ кодтой  Джелбетты Ордены хорзæхмæ.

Уый фæдыл   цалдæр минуты размæ райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.

«Абон у   тынг  амондджын бон.  Уый  у  уыцы амондджындзинад,  кæцы нæ  баиу кодта.  Сæрмагондæй æз, куыд сæрхъызой, 30 азы   æнхълæм кастæн  ацы  бонмæ, 1994 азæй.  Лæппутæ   нын  стыр цин æрхастой.   Уынаффæ мæ  фæнды базонын уын кæнон, кæцы  лæппутæн ныридæгæн загьтон.  Ацы  лæппутæ сты тынг æхсарджынтæ æмæ æхсарджынтæн хъæуы  аргъ скæнын.  Алчы сты  тынг  цæсгомджын адæймæгтæ, уый  тыххæй  Шалва Папуашвилиимæ иумæ рахастам уынаффæ.  Нæ лæпуты алкæй  раразмæ кæндзыстæм  Джелбетты орденмæ. Стыр уарзондзинад мæ фæнды  равдисын   сæ фæйнæмæ. Тынг амондджын дæн абон.  Арфæ уын кæнын!» – райхъусын кодта  Къобахидзе.

Гуырдзыстоны  æмбырдгонд  абон Бердзены  æмбырддгонды пенальтиты серийы  абырста æмæ Европæйы Чемпионатыл хъазыны бар  самал кодта.