Æрдзы националон агентады хъусинагæй, Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы Гудаури-Къобийы фадыгыл зæйтæссаг уавæры тыххæй, фæдзæхст у алыгъуызон автотранспорты змæлд. Информаци ахæлиу кодта регионон рæзынады æмæ инфраструктурæй министрады автомобилон фæндæгты департамент.
Æрдзы националон агентады информацийæ, Млета-Гудаурийы фадыгыл автотранспорты змæлд æххæст цæудзæн æнæруромгæ змæлды режимы, æрмæст зæййæ иргъæвæг тунелы уылты.
Фæнысангонд режимæй змæлд сыххæст уыдзæн патрулон пъæлицæйы цæстдард æмæ координацийæ. Фæндаджы иннæ фадгуытыл автотранспорты змæлд уæгъд у.
Уагдоны хъусинагæй, фæндаджы иннæ фадгуытыл автотранспорты змæлд уæгъд у.