Гудаури-Къобийы фадыгыл   трайлерты змæлд  фæдзæхст у
Гудаури-Къобийы фадыгыл трайлерты змæлд фæдзæхст у

Гуырдзыстоны  регионон рæзынады  æмæ инфраструктурæйы  министрады автомобилон фæндæгты  департаменты  информацийæ,   миты æмæ  уады  тыххæй, æхсæнадæмон  нысаниуæгы  Мцхета-Степанцъминда-Ларсы  автомобилон фæндæгты  Гудаури-Къобийы  фадыгыл   тобæ æврд у  стыр уæзласæн  автотранспорты змæлд.

Уагдоны хъусинагæй,   фæнысангонд фадыгыл   иннæ  типы  автотранспорты  змæлд  уæгъд у.

«Æрдзы националон агентады хъусинагæй,   Млета-Гудаури  æмæ Гудаури-Къобийы фадыгыл   автотранспорты  змæлд   сыххæст уыдзæн  æнæфæлæугæ режимæй,  æрмæст зæййæиргъæвæг  тунелты уылты», – хъусын кæнынц   автомобилон фæндæгты  департаменты.

Афтæма сæ хъусинагæй,  фæнысангонд режимæй змæлд цæудзæн   патрулон пъæлицæйы  цæстдард æмæ  координацийæ.