Гудаури-Къобийы фадыгыл зæйы тасы тыххæй автомобилон змæлд фæдзæхст у
Гудаури-Къобийы фадыгыл зæйы тасы тыххæй автомобилон змæлд фæдзæхст у.
Автомобилон фæндæгты департаменты информацийы куыд дзырдæуы, афтæмæй, зæгъгæ зæйы тас температурæйы виппайды схъармæй сæвзæрдис.
«Гуырдызстоны автомобилон фæндæгты департаменты информацийæ, æрдзы националон агентады хъусинагæй, æхсæнадæмон нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы (Уæрæсейы Федерациимæ арæн) автомобилон фæндаджы Гудаури-Къобийы фадыгыл температурæйы виппайды схъармы тыххæй зæйы тасы æмвæзад райрæзтис, цæй тыххæй дæр фæнысангонд фадыгыл фæтобæ ис цыфæнды хуызы автотранспорты змæлд», – дзырдæуы автомобилон фæндæгты департаменты информацийы.
Фæндаджы иннæ фадгуытыл автотранспорты змæлд уæгъд у.