Гудаури-Къобийы фадыгыл  автотранспорты змæлд сног ис
Гудаури-Къобийы фадыгыл автотранспорты змæлд сног ис

Гуырдзыстоны регионалон  рæзынады  æмæ  инфратсруктурæйы  министрады   автомобилон фæндæгты  департаменты информацийæ,  ацæугæ  ссыгъдæггæнæн   куыстыты  фæстиуæгæн,  Гудаури-Къобийы фадыгыл,  рог автотранспортæн  змæлд  уæгъд у.

Афтæдæр сæ  хъусинагæй,   ацы  афонмæ,мит æмæ  кæлæхы   тыххæй,   æхсæнадæмон нысаниуæгы  Мцхета-Степанцъминда-Ларсы» (Уæрæсейы  Федерацийы  арæн)   автомобилон фæндаджы Гудаури (Поста)-Къоби-йы  фадыгыл, змæлд  уæгъд у  стыр уæзласæн  автотранспортæн дæр.

Автомобилон фæндæгты  департаменты  хъусинагæй,   ныр зæгъгæ дарддæр кæнынц  ссыгъдæггæнæн  куыстытæ, цæмæй   цыбырдæр æмгъуыдтæм   змæлд  сног уа   стыр уæзласæн автотранспортæн дæр.

Æрдзы националон  агентады хъусинагæй, Гудаури (Поста)-Къоби-йы  фадыгыл автотранспорты змæлд цæудзæн  æнæбауромгæ режимы, æрмæст  зæййæиргъæвæг  тунелты уылты.

Фæндаджы иннæ  фадгуытыл,  автотранспорты змæлд  цæуы  сæрибарæй.