Гудаури-Къобийы  фадыгыл цыфæнды транспорты змæлд тобæгонд у
Гудаури-Къобийы фадыгыл цыфæнды транспорты змæлд тобæгонд у

Æрдзы  хъахъхъæды националон агентады  хъусинагæй,  æхсæнадæмон нысаниуæгы  Мцхета-Степанцъминда- Ларсы (Уæрæсеы Федерацийцы арæн) автомобилон фæндаджы Гудаури-Къобийы  фадыгыл   интенсивон митуарды тыххæй  сырæзт   зæйы  тас.Фæнысангондмæ гæсгæ,  автомобилон фæндæгты департаменты информацийæ,   фæндаджы ацы  фадыгыл  тобæгонд у змæлд цыфæнды транспортæн.

Ацы фæндаджы  км134-км135 (Дарьялы ком)   фадыгыл   автотранспорты  змæлды  рæстæджы тобæгонд у  сæ бауромын.