Гудаури-Къобийы фадыгыл цыфæнды хуызы автотранспорты змæлд сæрибарæй цæуы
Гуырдзыстоны регионон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министрады автомобилон фæндæгты департаменты информацийæ, интенсивон ссыгъдæггæнæн куыстыты фæстиуæгæн, æхсæнадæмон нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы Гудаури–Къобийы фадыгыл, алыгъуызон автотранспорты змæлд ссæрибар ис.
«Æрдзы националон агентады информацийæ, Млета-Гудаури æмæ Гудаури-Къобийы фадгуытыл, автотранспорты змæлд сыххæст уыдзæн æнæфæлæугæ змæлды режимæй, æрмæстдæр зæййæиргъæвæг тунелты уылты.
Гудаури-Къобийы фадыгыл, стыр уæзласæн автотранспорты æмæ 30-æй фылдæр бынатджын автобусты змæлд тунелты сыххæст уыдзæн иуфарсонæй. Фæнысангонд режимæй змæлд цæудзæн патрулон пъæлицæйы цæстдард æмæ координацийæ», – дзырдæуы автомобилон фæндæгты департаменты информацийы.