Григорий Карасин - Уæрæсейы президент æнæиу хатт загъта цæмæй интересджын стæм ахастыты нормализацийæ, Гуырдзыстонимæ хæлар сыхагонд ахастытæ нын куыд уа уымæй
Григорий Карасин - Уæрæсейы  президент æнæиу хатт загъта цæмæй   интересджын стæм  ахастыты   нормализацийæ,  Гуырдзыстонимæ хæлар сыхагонд  ахастытæ нын куыд уа  уымæй

Теорионæй  алцыппæты гæнæн ис,  фæлæ  уый тыххæй   хъæуы  кусын, –  уый фæдыл   Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры  хæдивæг Григорий Карасин, Гуырдзыстон æмæ  Уæрæсейы  президентты  гæнæн  фембæлдыл   фарстайы дзуаппæн  загъта.

Карасин куыд Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы  банысан кодта, афтæмæй  ацы  фембæлдмæ  æнæмæнгæй   хъæуы  бацæттæ кæнын, цæмæй  сын уа   æркæсинаг фарстатæ  æмæ  фæстиуæгыл  ориентацигонд уой.

«Президентты  æмвæзадыл   цæстмæ  фембæлдтæ, ныхас  кæнын æмæ  рахæрзбон кæнын  æгъгъæд нæу.  Æнæмæнгхъæугæ  у   фестиуæгмæ æрцæуын  уый тыххæй, цæмæй    дыууæ дæр бæстæ   райгонд уа, дыууæ бæстæйы æхсæн  ахастытæм  перспективæйы  цæстæй   хъуамæ  акæсæм.  Уæрæсейы  президент æнæиу хатт загъта, цæмæй   интересджын стæм  ахастыты   нормализацийæ,  Гуырдзыстонимæ хæлар сыхагонд  ахастытæ нын куыд уа,  уымæй.  Æмæ ацы  афонмæ  уый  у  аксиомæйæ», – райхъусын кодта Григорий Карасин.