Григорий Карасин хъусын кæны, цæмæй Абхазы протестон акциты æддæйæ аразгæйæ цырын кæнынц
Уæрæсейы Федерацион советы æддæ ахастыты комитеты къухдариуæггæнæг Григорий Карасин хъусын кæны, цæмæй Абхазы, «протестон акциты æддæйæ цырын кæнынц аразгæйæ, – ахæм дзуапп скодта Карасин Уæрæсейы оккупацигонд Абхазы цæрæг адæмы сидтæн, кæцыйы дзырдæуы, цæмæй «Бичъвинтайы паддзахадон дачæйы Уæрæсейæн алæвæрд нысан кæны территори фесафын».
«Ацы паддзахадон дачæ у зæронд, Сталины рæстæгон. Дыууæ азы размæ къухæвæрд уыд æхсæнпаддзахадон бадзырд æмæ уый нæ сæрмæмулк ссис. Ныр æрцыд бадзырды ратификаци. Афтæ райдайынц а.х хæлæрттæ бунты организацидзинад, уым хæстæг ис иуæй-иу бæстæ, кæцы уымæй у интересджын». – райхъусын кодта Карасин.
Бичъвинтайы падзахадон дачæйы Уæрæсейæн алæвæрды кой ракодта Уæрæсейы Паддзахадон Думайы хæдбар паддзахадты æмгарады фæдыл хъуыддæгты комитеты сæрдары хæдивæг Константин Затулин дæр. Йæ дзырдæй, зæгъгæ «Уæрæсейы никæмæ ис претензи абхазаг зæхх уырыссаг территоримæ ахæссын кæнæ фæхицæн кæнын Абхазы хай Абхазæй.
«Сæрæдæй уыдис уый коньюктурон, абсолютонæй мæнг аххосæгтæ, кæцытыл тыхсынц хуымæтæг адæм. Ацы аххосæгтæн Уæрæсе-Абхазы ахастытимæ комкоммæ бастдзинад нæ уыд, фæлæ уыдон баст уыдысты уыцы мидполитикон тохимæ, кæцы Абхазы цæуы æмæ нæ кæцы хæццæ кæны уый онг, цæмæй хатт иу хатт иннæ президент тыхыбын у, фæхатыр кæна адæмы тыгуыры æлхъывды бын. Ацы истори кæмæндæр принципон куы æссис уый фæстæ, бадзырды ратификацийы процесс фæкуылымпы ис, аскуыддзаг ис бадзырдтæ æмæ цалдæр раунды фæстæ разыдзинадмæ æрцыдыстæм. Уый тыххæй цæмæй нæ дзырдæуы ууыл, ома Уæрæсемæ ис претензи Абхазы территорийыл, фæлæ ам ныхас цæуы алкæмæн бæрæг факт сбæлвырд кæныныл, уыцы факты, ома Бичъвинтайы паддзахадон дачæ арызт уыд советон рæстæджы, советон бюджеты хардзыл æмæ дзы уымæй æрмæст Уæрæсе пайда кодта. Ныр ныхас цæуы, цæмæй ацы факт кæдæй-уæдæй фæзына Абхазы мид закъондæттынады», – хъусын кæны Затулин.