Григорий Карасин – Гуырдзыстоны премьеры сидт уыдис Абхази æмæ Ирыстонимæ позитивон размæцыды æрдæм, фæлæ мах афтæдæр федтам парламенты тызмæг фидиуæн дæр
Григорий Карасин – Гуырдзыстоны  премьеры сидт уыдис  Абхази æмæ Ирыстонимæ позитивон размæцыды æрдæм, фæлæ мах афтæдæр федтам парламенты тызмæг  фидиуæн дæр

Гуырдзыстоны  премьер-министры  фæстаг фидиуæн уыдис  Абхази æмæ Хуссар Ирыстонимæ  позитивон   размæцыдæн,  фæлæ  мах афтæдæр федтам Гуырдзыстоны парламенты тызмæг   фидиуæн дæр –  уый фæдыл  журналисттæн   загъта  Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Григорий Карасин, Женевæйы  дискусситы  фæуды фæстæ.

Карсин  куыд банысан кодта  афтæмæй,   ныридæгæн  зæгъгæ  афон у, Тбилис  сывзара  йæ ахаст, уа тызмæг  æви  æвзыгъд æмæ фæд-фæдон.  Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстоны парламенты  фидиуæн  премьер-министр Гиорги Квирикашвилийы  конструктивон фидиуæны  бынтон мæнгæй равдыста.

«Гуырдзиаг политикты, къухдариуæггæнджыты,  премьер-министры  фæстаг рæстæгон фидиуæнтæ  уыдысты  конструктуивон   позитивон  динамикæы æрдæм,  Абхази æмæ Хуссар Ирыстонимæ ахастыты   ног фæндæгты рацагурыны æрдæм, уый нымæцы Женевæйы дискусситы  фæлгæтты дæр.  Фæлæ    æнæнхъæлæджы  мах   бакастыстæм  ацы темæйыл  Гуырдыстоны   парламенты  тызмæг   фидиуæн,  кæцы Квирикашвилийы  сидты  бынтон мæнгæй равдыста.  Æвзæры  тæлмæн, цæвитотн афон у   Тбилис  сывзара  йæ ахаст –  уа тызмæг,  æви  æвзыгъд æмæ фæд-фæдон.  Уый  алчи дæр æмбары.  Гуырдзыстоны  премьер-министры  сидты  мах  фæфиппайдтам   Абхази æмæ Хуссар Ирыстонимæ   бастдзинады,  ахастыты  æрбиноныгы  фæдыл  позитивонæй   ахъуыды кæныны  æнхъарæн.  Æз куыд  уынын  афтæмæй, ахæм  ахаст ис  Сухум æмæ  Цхинвалы дæр.  Фæлæ  фæдылдзог  фидиуæнтæ  æнæхъæнæй   ахахх кодтой   ацы позитивон   тæлмæн.  Æмбарæм  æй,  цæмæй Гуырдзыстоны  мидполитикъон тох даргъ кæны, фæлæ   хъæуы,  бæрæг  иумæйаг  националон приоритеттæ,  кæцыты вварс  уыдзысты политикъты фылдæры хай» – банысан кодта Григорий Карасин.

Æхсæнадæмон бадзырдты  43-аг раунд Женевæйы  27-28  марты  ацыд. Гуырдзыстоны  делегацийæн къухдариуæг кодта  фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг  Давит Дондуа.  Æхсты фæурæды фæдыл  тексты  бакусынæй уæлдай,   дискусситы  сæйраг темæ уыдис  Арчил Татунашвилийы   марындзинады  факт.