Григорий Карасин фембæлд Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттимæ
Григорий Карасин фембæлд Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттимæ

Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг   Григорий Карасин, райста  Женевæйы дискусситы  æмсæрдæрттæ.   Информацийы  уый фæдыл   публикацигонд æрцыд   Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты  министрады  официалон веб-фарсыл.   Карасинимæ фембæлд  сарызтой, ИНО-йы  минæвар  Анти Туренен, ОБСЕ-йы  сæрдары специалон минæвар    Гюнтер  Беххлер æмæ  Хуссар Кавказы   фарстыты  евроцæдисы специалон  минæвар  Тоиво Клаар.  Фембæлдыл æркастысты   Фæскавказы  æдадсзинады фарстытæ,  афтæдæр оккупацигонд   Абхазиимæ æмæ Цхинвалы регионимæ  оккупацион хаххыл сырæзт   уавæр,  афтæдæр, ныхас баххæссыд  12-13 декабрмæ плангонд Женевæйы  дискусситæм бацæттæгæнæн этапмæ.

Уæрæсе æрсидтис  æмсæрдæрттæм,   адекватон аргълæвæрд скæной   Шотландийы,  хæсты рстæджы фæмардувæг абхазæгты   мемориалы сисыны фактæн. Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты  фидиуæны  банысангонд у,  цæмæй  ацы акци  Тбилисы  æндæвдадæй  уыд организацигонд  æмæ ахæм архæйдтытæй  Гуырдзыстон  зæгъгæ йæ бын къахы   диалогæн æмæ регионы  уавæр  карз кæны.  Уырыссаг фарс  акцент фæстæмæ сарызта   Тбилис æмæ НАТО-йы  уæнг бæстæты  æфсæддон æмгуыстадæй  цæугæ  «тасыл».

Фидиуæны мидæг ис  Пентагоны скуыддзагы кой дæр,  кæцымæ гæсгæ дæр Гуырдзыстонмæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа  танъкыныхмæ ракетон  системæ «Javelin», кæцы йæхиæрдгæй  ахзæм масштабы фыццаг æфсæддон бадзырд у 2008-æм азы фæстæ.

Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты  министрады фидиуæны  дзырдæуы, цæмæй АИШ-æ  гуырдзиаг сабырадон контингенты   цæттæгæнæн  программæ раивдта æмæ  ныр регулярон  хæцæн   хайадты   цæттæ  кæны  зæгъгæ.  Ахæм æфсæддон  æххуысæн Уæрæсе аргъ кæны куыд  Тбилисæн  комкоммæ  схуыст   регионы ног  тæссаг  архæйдтыты сцырын кæныны æрдæм.   Фембæлды  хайадисджытæ  ноджы иу хатт  сбæлвырд кодтой сæ фæнд,  Женевæйы форматы  деполитизаци баахъаз кæныны фæдыл, цæмæй конкретон  фæстиуджытæ æрхæсса, сæрмагондæй та æдасдзинады сферæйы.