Æз аскуыддзаг кодтон мæхи суæгъд кæнын алы постæй æмæ мæхи айсын партийæ, – уый фæдыл «Националон Змæлды» сæрдар Григол Вашадзе фыссы социалон хызагы.
«Тынг мын зын кæны ацы къахдзæф, фæлæ æндæр амал нал уынын. 2017 азы январæй, цыппар азы дæргъы архайдтон, цы мæ бон уыд алцыппæт саразын, цæмæй парти стынг уыдаит, сфидар кодтаит йæ позицитæ, баззадаит сæйраг оппозицион иугондæй æмæ фæстиуæгæн та йын уыдаит Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй мандат хицауадмæ æрыздæхынæн», – фыссы Григол Вашадзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ уый нæ разы кæны партийы къухдариуæгады фылдæры хайæ партийы уæнгтимæ æнæконсультацитæй æвзæрст тактикæимæ.
«Нæй гæнæн ма смæсты уай нæ стратегион æмцæдисонты дипломативон мисситы къухдариуæггæнджыты ныхмæ лæбурдты æмæ æфхæрыны кампанийæ, кæцы зын бамбарæн у, цы нысанæй райдыдта. Уымæй стыр знаггад исы Гуырдзыстоны ахастытæ АИШимæ, Евроцæдисимæ æмæ Евроцæдисы уæнг паддзахадтимæ. Фæзындис тæлмæн, цæвиттон ацы кампанийы хайадисджытæ никуы фехъуыстой, цæмæй минæвармæ лæбурд нымад цæуы уыцы паддзахадмæ лæбурдыл, кæцыйы минæвар дæр у, æмæ кæцы хæдбарад ногæй рацарæзты бонæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтимæ иумæ нæ паддзахады æмæ территорион æнæхъæндзинады хъахъхъæнджытæ сты», – фыссы Григол Вашадзе æмæ журналисттæй куры, цæмæй уæлдай фарстытæй æмæ комментаритæй ма сфæлмæцын кæной.
«Партийы уæнгтæн хæрзбон дзурын уарзондзинадæй æмæ сын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй тагъд æрцæуой афтæ бæллиццаг уæлахиздзинадмæ», – фыссы Григол Вашадзе «Фейсбукы».