Гига Бокериа  Григол Вашадзейы  фидиуæн хоны зынæмбарæнæй  æмæ   æмбырангæнæнтæмæ æнхъæлмæ кæсы «Националон Змæлдæй»
Гига Бокериа Григол Вашадзейы фидиуæн хоны зынæмбарæнæй æмæ æмбырангæнæнтæмæ æнхъæлмæ кæсы «Националон Змæлдæй»

«Европаг Гуырдзыстоны»  иуæй-иу  лидер  Гига  бокериа,  «Националон Змæлды» сæрдар Григол Вашадзейы   фидиуæны  хицауадимæ гæнæн  бадзырдты  фарстайыл   зынæмбарæнæй  хоны  æмæ   æмбарынгæнæнтæ  домы «Националон Змæлдæй» .

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  «Европаг Гуырдзыстоны»   позици æнæивгæ у зæгъгæ.

«Зынæмбарæн   фидиуæн у,  дзæгъæлгæнаг. Æнхъæлмæ кæсæм  йæхæдæг партийæ  «Националон Змæлдæй»   йæ   сæрдарæй дырыс æмбарыгæнæнтæм, цы  дары  йæ хъуыдыйы,  цæй зæгъын æй фæнды, исты  ивддзинад ис сæ позицийы  æви нæ.  «Европаг Гуырдзыстоны» позици æнæивгæ  æмæ нæдæрæ фæивдзæн, ацы  худингаггаг  уавæры,  ацы фидиссаг процессы фæстиуæгæн  ахæм парламентмæ бахызт,  уым хайад исын  фылдæр знаггадгæнæг у  бæстæйæн,  ацы  парламенты куысты  хайад куы нæ исæм, уыцы  барæвзар саразынимæ абаргæйæ.  Уый тыххæй    ацы хъахты  фæткæн æххуыс  у бæстæйы   фидæнæн стыр тасххæссæг»,  – райхъусын кодта Бокериа.