«Националон Змæлды» сæрдар Григол Вашадзе, йæ фидиуæны тыххæй æмбарынгæнæн ахæлиу кодта.
«Уæлæмхасæй æмбарын кæнын: æмбæстæгты протест хъуамæ адарддæр уа; ацы протестмæ ма æнæаргъæвгæйæ хъуамæ бафтауæм политикон компонент – рæстаг æвзæрстыты принципты сыххæсты фæдыл бадзырдты хуызæй стратегион æмцæдисонты медиацийы руаджы; Уæдмæ цалынмæ/кæд æмæ бадзырдтæ æнтыстджынæй нæ фæуыдзысты, нæдæр дыккаг туры исдзыстæм хайад æмæ нæдæр парламентмæ нæ бахиздзыстæм; Иу хатт æмæ мыггагмæ тыхархайд хъуамæ бакæнæм нæхи, цæмйæ фидæны уынджы протест нормалон процесстæ ивæг ма уа æвзæрстыты фальсификацийы тыххæй» – фыссы Григол Вашадзе.