Грецийы уæзласæн хæдтулгæйы гуырдзиаг тæрæгы æрцахстой, кæцы 41 æнæлегал мигранты фæцæйласта
Грецийы пъæлицæй уæзласæн хæдтулгæйы гуырдзиаг тæрæгы æрурæдта, кæцы 41 æнæлегал мигранты фæцæйласта. Информацийы уый фæдыл грекаг рауагъдад «Экатимерини» хъусын кæны.
Хæдтулгæ-уазалгæнæны тæрæгы барадхъахъъхæнджытæ бæстæйы цæгат хайы, сахар Ксантийы цур бурæдтой. Хæдтулгæйы басгæрсты рæстæджы уæзласæн хайы æнæлегал мигрантты ссардтой. Развæлгъау информацийæ, мигранттæ афгхайнæгтæ сты, фæлæ пъæлицæй сæ идентификацийы процесс нырма нæ фæцис.
Грекаг рауагъдад банысан кодта, цæмæй зæгъгæ пъæлицæй хæдтулгæ куы сгæрста уæд уазалгæнæн куы нæ куыста.
Ахæст тæрæгы æррфæрсынæн фæхæццæ кодтой пъæлицæйы хайадмæ.