Греци æмæ Турчы лидертæ фæуынаффæ кæндзысты транс-анатолиаг æмæ транс-адриатикон хæтæлвæдты проектты фæдыл
Грецийы премьер-министры Туркмæ визиты рæстæджы, транс-анатолиаг æмæ транс-адриатикон хæтæлвæды проектты реализацийы фарста æркæсдзысты.
Алексис Ципрас Туркмæ 5-6 февралы фæуазæг уыдзæн æмæ фембæлдтæ сараздзæн Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъанимæ.
Транс-анатолиаг газдадзæн Гуырдзыстон-ТУрчы арæнæй Турчы ныгуылæн арæны онг уæвæг проект у, кæцы транс-адриатикон газдадзæнимæ иумæ «Хуссары газы къæлидоры» скæнæг хай у. Фæнысангонд проектæй, Азербайджаны «Шах Денизы» гуырæнæй æрдзон газы Европæмæ бадæттын у плангонд. Фыццаг этапыл агздадзæнæй афæдзы мидæг 16 миллиард къубонметр æрдзон газы бадæтдзысты, кæцыйæ 6 миллиард баззайдзæн Туркмæ, иннæ та Европæмæ. Транс-адриатикон хæтæлвæды фæуды фæстæ, Европæ газ, 2020 азæй хъуамæ иса.