Гиви Миканадзе  12-æм къласы ахуырдзаутæн фæстаг дзæнгæрæджы фæдыл арфæ кæны
Гиви Миканадзе  12-æм къласы ахуырдзаутæн фæстаг дзæнгæрæджы фæдыл арфæ кæны

Гуырдзыстоны ахуырады, зонады æмæ фæсивæды министр Гиви Миканадзе 12-æм къласы ахуырдзаутæн арфæ кæны сæ рауагъды фæдыл.
«Скъола у, бæстæйы фидæн кæм арæзт цæуы, ахæм бынат.Царды фæндагыл, кæддæриддæр дæ зæрдыл лæудзысты ахуыргæнджыты амынддзинæдтæ, дæ фыццаг хæлæрттæ, æмкъласонтимæ арвыст моменттæ – ацы чысыл дуне дын кæддæриддæр баззайдзæн хуыздæр мысынадæй.
Уырны мæ, царды фæндагыл скъолайы цы ахуырад райстат, уымæн ноджы стырдæр æндæвдад кæй ратдзыстут. Нæ хæс у ахæм уавæр саразын, цыран уæ бон уа максималонæй раргом кæнын уæ авналæнтæ æмæ уæхи æмбарын.
Рох дæ ма уæд, зонындзинæдтæ ахадгæ сты, бæстæ æмæ æхсæнады хæрзиуæгæн куы лæггад кæной, уæд. Стыр нысæнттæ сæвæрут, макуы тæрсут зындзинæдтæй æмæ æууæндут уæхи гæнæнтыл!», – зæгъы Миканадзе Гиви.