Гиоргий Вашадзе - Абон, 31-æм марты ноджы иу хатт бæлвырд кæнæм, цæмæй Гуырдзыстоны æвзæрст у сæрибардзинад
Гиоргий Вашадзе - Абон, 31-æм марты ноджы иу хатт бæлвырд кæнæм, цæмæй Гуырдзыстоны æвзæрст у сæрибардзинад

Абон, 31-æм марты ноджы иу хатт бæлвырд кæнæм, цæмæй Гуырдзыстоны æвзæрст у сæрибардзинад, – уый фæдыл ис фыст «Стратегийы аразæг» лидеры, Гиоргий Вашадзейы расидæны, кæцыйы партийы пресс-куыст рапарахат кодта.

«Абон, 31-æм марты ноджы иу хатт бæлвырд кæнæм – Гуырдзыстоны æвзæрст у сæрибардзинад! 34 азы размæ ацы бон гуырдзиаг адæм æмхъæлæсæй загътой: О, мах стæм хæдбар бæстæ! Уый уыд æвзæрст намыс, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады фарс. Уый уыд уæлахиз, кæцыйы рамбылдтам иудзинады фæрцы!

Абон, 34 азы фæстæ, уыцы иу тыхтæ нырма дæр архайынц нæ равзæрстытæ ногæй æркæсыныл. Уыдон нырма дæр фæнды, цæмæй Гуырдзыстон баззайа иунæгæй, фæлæмæгъдæр уа æмæ аныгъуыла коррупцийы, мæгуырдзинады æмæ хаосы. Уыдон ногæй архайынц тыхми æмæ репресситы руаджы Гуырдзыстон бауромыныл. Фæлæ нæ фæндаг кæны Европæмæ! Нæ фидæн у æдас, фидар, размæцыд, хъахъхъæд æмæ иугонд Гуырдзыстон! Гуырдзыстон ногæй уæлахиз кæны ацы тохы! Уымæн æмæ Гуырдзыстон ногæй иумæ лæууы! Уымæн æмæ сæрибардзинад никуы фæвæййы саст!

Абон, 31-æм марты, рацæуæм æмæ ма иу хатт равдисæм нæ тых, нæ иудзинад, нæ уырнындзинад уæлахизыл! Алчидæр зонæд – Гуырдзыстон ивгъуыдмæ нал æрыздæхдзæн! Цæуæм размæ – уæлахизмæ! Сæрибардзинад бирæ цæрæд! Бирæ цæрæд Гуырдзыстон!», – расидтис Гиоргий Вашадзе йæ фидиуæны.