Прокуратурæйы «Гахариа Гуырдзыстоны тыххæй» партийы лидер Гиоргий Гахариайы æрфарст цæуы. Уый фæдыл информаци Фыццаг Къаналæн Гуырдзыстоны прокуратурæ сбæлвырд кодта.
Гиоргий Гахариайы æрфарст æнхъæлмæкæсинагæй баст у уыцы цауимæ, кæцы 15-æм январы «Шератон Батумы» æрцыд.
Мидхъуыддæгты министрад инциденты фæдыл фæдагуырд райдыдта, кæцы тыхмидзинадмæ хауы.