Гиорги Маргвелашвили «Лейбористон Партийы» офисы æрымбырдуæвæг оппозицийы минæвæрттæн, зноны бадзырды тыххæй раарфæ кодта
«Лейбористон Партийы» офисмæ, цы ран оппозиционер партиты минæвæртты фембæлд цæуы, Гуырдзыстоны раздæры президент Гиорги Маргвелашвили бацыд.
Маргвелашвилийыл фембæлды хайадисджытæ къухæмдзæгъдæй амбæлдысты.
Гиорги Маргвелашвилийы ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ йæ фæнды, бузныг зæгъын адæймæгтæн, кæцытæ хайбавæрд скодтой бæстæйæн нысаниуæгджын бадзырдмæ æрцыды, кæцы знон æвзарæнон системæйы алыварс сырæзт хицаугæнæг балимæ.
«Фæнды мæ бузныг зæгъын чидæриддæр стыр хайбавæрд скодта гуырдзиаг демократийы бæллиццаг фæндагыл, цæмæй æппын фæстагмæ æвзæрстытæ бауой ерысæй политикты æхсæн æмæ ма уæнт хъæлæстæ давд, бузныг зæгхон æмæ сын раарфæ кæнон. Принципон тохæй, уын бантыстис уый, цыдæриддæр æхсæнадæн дæсгай азты дæргъы уыд бæллиццаг»- баздæхтис арфæйы дзырдæй Гиорги Маргвелашвили «Лейбористон партийы» офисы æрымбырдуæвæг оппозицион партиты лидертæм.