Гиорги Квирикашвили –наркопайдагæнджыты æрдæм паддзахад хъуамæ уа гуманон, фæлæ бынтон æнæхатыр наркореализаторты æрдæм
Паддзахад уыдзæн тынг хъæддых æмæ нæсæттон наркотрафикы æрдæм, наркотикты реализатортæм гæсгæ – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
«Фæнды мæ банысан кæнын, мидхъуыддæгты министрады иттæг позитивон куыст, сæрмагондæй та фæстаг къуыриты дæргъы, наркореализаторты æрдæм. Хъыгагæн, уыдис нын цалдæр цауы, кæцыты рæстæджы, фæцух стæм æрыгонтæй ацы æнамонддзинады тыххæй. Фæнды мæ алчидæр зона, цæмæй паддзахад удызæн тынг хъæддыг æмæ нæсæттон наркотрафикъы æрдæм, наркотикты реализаторты æрдæм. Фæнды мæ бузныг зæгъын мидхъуыддæгты министрæн æмæ йæ балæн цы куыст сæххæст кодтой уый тыххæй» – загхта премьер-министр.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, фæнысангонд æнамонд цаутæ бæрæг уæнгтæ наркотикты тыххæй ног закъондæттынады райстимæ сбастой кæцы æнæраст у зæгъгæ.
«Афтæдæр мæ фæнды зæгъын, цæмæй хъыгагæн, ацы æнамонд цаутæ адæймæгтæ сбастой наркотикты тыххæй ног закъондæттынадимæ, кæцытæн абсолютонæй ницы иумæйаг ис. Юстицийы министрады базæйыл уæвæг æхсæуагдонон къорд, кæцыйы баст сты хицауады, парламенты, æнæхицауадон организациты минæвæрттæ, фæуд кæны кусын закъондæттæн ивдытытыл, кæцытæ иуы æрдгæй, здæхт уыдзæн уыцы æрдæм, цæмæй паддзахад фылдæр конкретон æмæ дырыс, æнцонæмбарæн уавæр саразын пайдакæнынмæ гæсгæ, цы дозæтæ ис, кæцытæ пайдакæнынмæ æххæссынц, æмæ кæцы дозæтæ та нымадмæ ист цæуынц куыд реализацийæн афтæ, куыд фæбæрæг вæййы реализацийы фактытæ, цы механизмтæ æвзæрын кæны паддзахад, псиохо-социалон реабилитацийы æрдгæй æмæ а.д.» – райхъусын кодта премьер.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, пайдагæнджыты æрдæм падздахад хъуамæ уа фылдæр гуманон, фæлæ иннæрдгæй, паддзахад хъуамæ уа æнæхатр реализаторты æрдæм.
«Цæй зæгъын æй хъæуы, пайдагæнджыты, уыцы адæймагæт ы æрдæм, кæцытæ ацы уæззау рынæй фæнизджын сты, паддзахад хъуамæ уа гуманон, фæлæ иннæрдгæй та, паддзахад хъуамæ æххæст кæна æнæхатыр политикæ реализаторты æрдæм. Мах абсолютонæй дырыс æрвитæггаг хъуамæ арвитæм наркореализатортæн, ома ацы хъуыддагимæ кæй никуы бафидаудзыстæм уый фæдыл» – райхъусын кодта премьер-министр Гиорги Квирикашвили.