Гиорги Квирикашвили- мæ разамындæй хицауад ауагъта иттæг нысаниуæгджын  экономикон реформæтæ
Гиорги Квирикашвили- мæ разамындæй хицауад ауагъта иттæг нысаниуæгджын экономикон реформæтæ

2015 азы  декабры фæстаг  бонтæй   уыдтæн  нæ  бæстæйы   преьмер-министр  æмæ мæ  фæнды  райхъусын кæнон, цæмæй  дыууæ æмæ æрдæг азы дæргъы,   мæ къухдариуæгæй,   бæстæйы  хицауады  ауагхта  иттæг нысаниуæгджын реформæтæ, сæ нымæцы   цæрнæн иттæг нысаниуæгджын   экономикон  реформæтæ –   уый фæдыл Гиорги Квирикашвили  сæрмагонд  брифингыл   райхъсын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   фæнысангонд  рæстæджы дæргъы,   æнæкæсгæ  регионы   уæвæг  вазыгджын  политикъон, экономикон  æмæ   æдадсзинады æрдгæй  уавæрмæ,  балимæ иумæ,  бантыстис  Гуырдзыстоны  стабилон уавæр саразын æмæ   бæстæ  тынгады раст фæндагыл слæууын кæнын.

«Абон  нын ис  регионы  сеппæтæй  бæрзонддæр экономикон рæзынад, алкæмæй  пайдаджын  базнес-æрдз, хъахъхъæд у  сæрмæмулкъы бар,  сæрибар  базарады   бадзырдтæ  сегсаæй  ставддæр базартимæ.  Уый æппæтимæ  разы у  дунейы  алы авторитетон  организаци  æмæ ай бæлвырдæй æвдыст у  æхсæнадæмон  рейтингты.

Абон, нæ дыуууæ регион  оккупацигонд куы сты ахæм уавæрты,   нæ прагматон  æмæ  раст æддæ  политикæйы  фæстиуæгæн,   Гуырдзыстоны сæвзæрд æдас  æмæ стабилон уавæр.  Райдыдтам  нысаниуæгджын  ног инициативæтæ  фидыды  æрдæм.  Абон стæм  сеппæтæй  хæстæгдæо  Евроцæисмæ æмæ НАТО-мæ, раздæр куыд никуы уыдис афтæ.  Абон  нын ис  прецедент кæмæн нæй ахæм æнцойад  нæ сæйраг  стратегион  партнеры АИШ-ы  æмæ Евроцæдисы  æрдгæй.  Равдыстам цæттæдзинад, Уæрæсеимæ ахастыты  срегулир кæныны  æрдæм саразæм къахдзæфтæ  Женевæйы  дискусситы форматы  æмæ ныфсджын дæн, цæмæй  кæддæрты  ацы  æнхъарæн йæ  фæстиуæг æрхæсдзæн» – райхъусын кодта Гиорги Квирикашвили.

Уый йæ хъусдард раздæхта  хицауады  цыппарпунктджын  планы æрдæм дæр.

«Йеуæд дæр, хицауады  реформæты  цыппарпунктджын   план куы  бакуыстам,  кæцыйыл бындурæвæрд æрцыд  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  программæ æмæ  нæ парти  фæуæлахиз ис 2016 азы  парламентон æмæ   2017 азы  бынæттон  хæдуынаффæйыс æвзæрстыты  æмæ ныр дæр,  абсолютонæй уырнæг дæн, цæмæй  ай  уыд раст  фæндаг Гуырдзыстоны  тынгадæн.

Тынг  дзæбæх зонын, куыд зын цард кæнынц  адæм,  цæмæй нæм  ис  бирæ  бинонтæ, кæцытæ  æрвылбойнон  цардыл  тынг вазыгджын  уавæрты  æрвиты æмæ катай  кæны  цæмæй исты амæлттæй  ссара  хæринаг  йæ  бинонтæн,  хъæбултæн æмæ сæхи фервæзын кæной.

Уойæ афтæ у,  фæлæ   уый дæр абсолютонæй  бæлвырдæй зонын, цæмæй  зæгъгæ нæ политикæ  куы ауагхъдтаиккам, уæд ацы  адæмæн царды  нормалон уавæрты  гæнæндзинæдтæ,  ноджы бирæ  азæй  афæстиат уыдаиккой,  кæцыйы бар йз нæ раттаин фыццаджы дæр мæхицæн, æмæ  мæнмæ гæсгæйæ  нæ  къорд дæр æнæхъæнæй  мотивиргонд уыдис,  ацы  нысанæй  архайын»з  загъта Гиорги Квирикашвили.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  ббæрнон политикъы, сæрмагондæй  та  хицауады  сæргълæууæгы  хæс у,  гæнæн ис  æнæпопулрон,  фæлæ   бæстæйы тынгады песрпективæйыл нымад  къахдзæфтæ  авæрын.

«Уырны мæ,   цæмæй  бæрнон  политикъы, уæлдайдæр  хицауады  сæргълæууæгы хæс у,   ахæм  уынаффæтæ расын  æмæ  гæнæн ис, арæх  æнæпопулярон къахдзæфтæ саразын,   кæцы нымад уыдзысты   ныртæккæйон  фæстиуæгыл нæ фæлæ ма, бæстæйы  тынгады перспективæйы  æмæ  дæргъвæтин   фæстиуджытыл.

Æз куыд бæстæйы премьер-министр, растдæр ахæм политикæ  сывзæрстон  постыл  куы снысан дæн уыцы  бонæй» -загъта Гиорги Квирикашвили.ю

Гиорги Квирикашвили,  абон  премьер-министры  постæй  йæхи суæгъд кодта.